Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ахӕм зӕрдӕ дын ис, цӕмӕй Йегъовӕйы зонай?

Ахӕм зӕрдӕ дын ис, цӕмӕй Йегъовӕйы зонай?

«Ӕз сын ратдзынӕн ахӕм зӕрдӕ, цӕмӕй йӕ зоной, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ. Ӕмӕ уыдон суыдзысты мӕ адӕм» (ЙЕР. 24:7).

1, 2. Легъуиты тыххӕй цы ис зӕгъӕн?

ЛЕГЪУИТӔ уарзыс? Легъуибӕлӕстӕ садзынц бирӕ бӕстӕты, уымӕн ӕмӕ сын сӕ дыргътӕ бирӕтӕ уарзынц. Рагон дзуттӕгтӕм дӕр тынг кадджын уыдысты (Наум 3:12; Лук. 13:6–9). Легъуитӕ сты тынг пайда, иуӕй-иутӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй хорз сты зӕрдӕйӕн.

2 Иухатт Йегъовӕ легъуитимӕ абарста адӕмы зӕрдӕтӕ. Хуыцау, легъуитӕ куыд пайда сты, уый кой нӕ кодта. Йӕ ныхӕстӕ амыдтой, адӕймаг мидӕгӕй цавӕр у, уымӕ. Уӕд цы загъта, уый хауы махмӕ дӕр ӕмӕ, кӕй уарзӕм, уыдонмӕ дӕр. Ӕмӕ ууыл куы ныхас кӕнӕм, уӕд-иу ахъуыды кӕн, абон дзы махӕн нӕ бон цы у зондӕн райсын.

3. Йеремийы чиныджы 24 сӕры цы легъуиты кой цӕуы, уыдон кӕмӕ амыдтой?

3 Н. э. размӕ 617 азы, Иудӕйы адӕм Хуыцауы раз тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕ куы арӕзтой, уӕд, Йегъовӕ Йеремийӕн цӕстылуайӕны равдыста, Иудӕйыл цы ’рцӕудзӕн, уый. Уыцы цӕстылуайӕны Йереми федта дыууӕ чыргъӕды легъуитимӕ, ӕмӕ дзы иуы уыд «тынг хорз» легъуитӕ, иннӕйы та – «тынг ӕвзӕр». (Бакӕс Йеремийы 24:1–3.) Ӕвзӕр легъуитӕ амыдтой, фӕстӕдӕр паддзах Навуходоносор ӕмӕ йе ’фсад карзӕй кӕй бафхӕрдтой, уыцы адӕммӕ – паддзах Седекимӕ ӕмӕ, уый хуызӕн чи уыд, уыдонмӕ. Фӕлӕ цы ис зӕгъӕн Йезекилӕй, Данелӕй ӕмӕ йе ’ртӕ ӕмбалӕй, стӕй ма фӕстӕдӕр Вавилонмӕ кӕй хъуамӕ акодтаиккой, уыцы дзуттӕгтӕй кӕмӕйдӕрты? Уыдоны абарӕн уыди хорз легъуитимӕ. Уыцы адӕмӕй ма чи баззадаид, уыдон хъуамӕ Иерусалим ӕмӕ йӕ кувӕндон ногӕй сарӕзтаиккой. Ӕмӕ уыцы хабар фӕстӕдӕр ӕцӕгдӕр ӕрцыд (Йер. 24:8–10; 25:11, 12; 29:10).

4. Хуыцау хорз легъуиты тыххӕй цы загъта, уый нын нӕ ныфсыл ныфс куыд ӕфтауы?

4 Хорз легъуитӕ кӕмӕ амыдтой, уыцы адӕмы тыххӕй Йегъовӕ загъта: «Ӕз сын ратдзынӕн ахӕм зӕрдӕ, цӕмӕй йӕ зоной, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ. Ӕмӕ уыдон суыдзысты мӕ адӕм» (Йер. 24:7). Бӕрӕг у, Хуыцауы махӕн фӕнды раттын ахӕм зӕрдӕ, цӕмӕй йӕ зонӕм, ӕндӕр ныхӕстӕй, цӕмӕй нӕ фӕнда Хуыцауы зонын ӕмӕ йын йӕ адӕмимӕ лӕггад кӕнын. Ӕмӕ нын уый ныфсы хос куыннӕ у! Цы нын баххуыс кодта, цӕмӕй ахӕм адӕймӕгтӕ суыдаиккам? Библи ахуыр кӕнгӕйӕ-иу цы базыдтам, уымӕй царды пайда кодтам. Стӕй нӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кодтам ӕмӕ нӕ цард аивтам. Рӕстӕг рацыд, ӕмӕ нӕ цард Хуыцауӕн снывонд кодтам ӕмӕ донаргъуыд райстам Фыд, Фырт ӕмӕ сыгъдӕг тыхы номыл (Матф. 28:19, 20; Хъуыд. 3:19). Ды дӕр уыцы къахдзӕфтӕ сарӕзтай? Ӕви Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдтӕм цасдӕр рӕстӕг цӕуыс ӕмӕ уыцы къахдзӕфтӕ нырма гъеныр аразыс?

5. Йереми сӕйраджыдӕр кӕй тыххӕй фыста?

5 Кӕд уыцы къахдзӕфтӕ иууылдӕр сарӕзтай, уӕддӕр хъуамӕ дӕ хъус дарай дӕ зондахаст ӕмӕ дӕ уагахастмӕ. Цӕмӕн? Уый базондзыстӕм, Йереми ма зӕрдӕйы тыххӕй ноджыдӕр цы загъта, уымӕй. Йеремийы чиныджы кӕцыдӕр сӕрты дзырд цӕуы, Иудӕйы алыварс цы адӕм цард, уыдоны тыххӕй. Фӕлӕ дзы фылдӕр фыст ис Иудӕйы адӕмы тыххӕй – сӕ паддзӕхтӕй фондз паддзахы хицаудзинады рӕстӕг цы уавӕры уыдысты, уый тыххӕй (Йер. 1:15, 16). Уӕдӕ Йереми сӕйраджыдӕр фыста, Йегъовӕйӕн йӕхи чи снывонд кодта, уыдоны тыххӕй. Уыдонӕн сӕ фыдӕлтӕ сӕхӕдӕг сразы сты, цӕмӕй Йегъовӕйы адӕм суыдаиккой (Рац. 19:3–8). Ӕмӕ Йеремийы рӕстӕджы дӕр адӕм ахӕм ныхӕстӕ загътой: «Ӕрбацыдыстӕм дӕм, уымӕн ӕмӕ ды дӕ нӕ Хуыцау, о Йегъовӕ» (Йер. 3:22). Фӕлӕ цымӕ сӕ зӕрдӕтӕ цы уавӕры уыдысты?

СӔ ЗӔРДӔТӔН СӔ ХЪУЫДИ «ОПЕРАЦИ» СКӔНЫН

6. Хуыцау зӕрдӕйы тыххӕй цы загъта, уый зонын нӕ цӕмӕн хъӕуы?

6 Абон дохтыртӕн сӕ бон у алыхуызон мадзӕлтты фӕрцы фенын, адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ цы уавӕры ис ӕмӕ куыд кусы, уый. Фӕлӕ уыцы хъуыддаджы Йегъовӕйӕ хуыздӕр ничи арӕхсы. Уымӕн йӕ бон у фенын, Библи цы зӕрдӕйы кой кӕны, суанг уый дӕр, ома, мидӕгӕй цавӕр стӕм, уый. Ууыл дзурӕг сты мӕнӕ ацы ныхӕстӕ: «Зӕрдӕйӕ мӕнгарддӕр ӕмӕ фыдбылыздӕр ницы ис. Чи йын цы базондзӕн? Ӕз, Йегъовӕ, сгарын зӕрдӕ... цӕмӕй алкӕмӕн дӕр раттон, йӕ фӕндӕгтӕм гӕсгӕ, йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ йын цы ’мбӕлы, уый» (Йер. 17:9, 10). Йегъовӕйӕн йӕ бон у базонын адӕймагӕн йӕ фӕндтӕ, йӕ хъуыдытӕ, йе ’нкъарӕнтӕ, йӕ зондахаст ӕмӕ йӕ нысӕнттӕ. Уӕдӕ Хуыцауӕн йӕ бон у дӕ зӕрдӕ басгарын. Фӕлӕ дӕхи бон дӕр у дӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсын ӕмӕ, цы уавӕры ис, уый базонын.

7. Йереми цы ныффыста, йӕ рӕстӕджы дзуттӕгтӕн сӕ фылдӕрӕн сӕ зӕрдӕ цы уавӕры уыд, уый тыххӕй?

7 Цӕмӕй нӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсӕм, уый тыххӕй нӕ бон у ахъуыды кӕнын: «Йеремийы рӕстӕджы дзуттӕгтӕн сӕ фылдӕрӕн сӕ „зӕрдӕ“ цы уавӕры уыд?» Ӕркӕсӕм-ма, уый фӕдыл Йереми цы загъта, уымӕ: «Ӕгас Израилы адӕмӕн дӕр сӕ зӕрдӕ у ӕнӕсунӕт». Дзуттаг нӕлгоймӕгтӕ-иу Закъонмӕ гӕсгӕ цы сунӕт скодтой, Йереми уый кой нӕ кодта. Кӕцӕй йӕ зонӕм? Йереми дарддӕр загъта: «Ӕрхӕццӕ кӕны уыцы рӕстӕг,– зӕгъы Йегъовӕ,– ӕмӕ ӕз ӕрдомдзынӕн дзуапп, сунӕтгонд чи у, фӕлӕ уӕддӕр сунӕтгонд чи нӕу, уыдонӕй алкӕмӕй дӕр». Уӕдӕ кӕд дзуттаг нӕлгоймӕгтӕ сунӕтгонд уыдысты, уӕддӕр «сӕ зӕрдӕ уыд ӕнӕсунӕт» (Йер. 9:25, 26). Ацы ныхӕстӕ цы нысан кӕнынц?

8, 9. Дзуттӕгтӕн сӕ фылдӕры цы хъуыди саразын?

8 Цӕмӕй ацы ныхӕстӕ бамбарӕм, «сӕ зӕрдӕ у ӕнӕсунӕт», зӕгъгӕ, уый тыххӕй хъӕуы ӕркӕсын, Хуыцау дзуттӕгтӕн цы загъта, уымӕ: «Иудӕйы адӕм ӕмӕ Иерусалимы цӕрджытӕ... сунӕт скӕнут уӕ зӕрдӕтӕн. Кӕннод мӕ маст... ссудздзӕн уе ’взӕр хъуыддӕгты тыххӕй». Ӕмӕ цӕмӕн арӕзтой ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ? Уымӕн ӕмӕ сӕ зӕрдӕтӕ уыдысты ӕвзӕр. (Бакӕс Марчы 7:20–23.) Хуыцау Йеремийы уылты бӕлвырд бамбарын кодта, дзуттӕгтӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ цӕмӕн арӕзтой, уый. Сӕ зӕрдӕтӕ уыдысты хивӕнд ӕмӕ ӕнӕсӕттон. Йегъовӕ сын сӕ зӕрдӕйы фӕндтӕй ӕмӕ сӕ хъуыдытӕй райгонд нӕ уыд. (Бакӕс Йеремийы 5:23, 24; 7:24–26.) Ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ загъта: «Йегъовӕйы тыххӕй сунӕт скӕнут, сунӕт скӕнут уӕ зӕрдӕтӕн» (Йер. 4:4; 18:11, 12).

9 Уӕдӕ, зӕгъӕн ис, ӕмӕ Йеремийы рӕстӕджы цӕрӕг дзуттӕгты хъуыди сӕ зӕрдӕтӕн «операци» скӕнын. Ӕмӕ раст афтӕ уыд сӕ хабар, Моисейы рӕстӕджы чи цард, уыцы дзуттӕгтӕн дӕр (Дык. з. 10:16; 30:6). Цымӕ сӕ бон куыд уыд сӕ зӕрдӕтӕн «сунӕт скӕнын»? Хъуамӕ сӕ зӕрдӕтӕ ссыгъдӕг кодтаиккой, Хуыцауы фӕдзӕхстыты ныхмӕ чи уыд, уыцы хъуыдытӕ ӕмӕ фӕндтӕй (Хъуыд. 7:51, фип.).

ЦӔЙ ФӔРЦЫ НЫН УЫДЗӔН АХӔМ ЗӔРДӔ, ЦӔМӔЙ ЙЕГЪОВӔЙЫ ЗОНӔМ?

10. Давиды цӕмӕй хъуамӕ бафӕзмӕм?

10 Куыд бузныг стӕм Хуыцауӕй, нӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсынӕн нын кӕй ӕххуыс кӕны, уый тыххӕй! Фӕлӕ нӕ, чи зоны, исчи зӕгъа, зӕгъгӕ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты та цӕмӕн хъӕуы, сӕ зӕрдӕйы цы ис, уымӕ кӕсын? Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн сӕ фылдӕр сты иузӕрдион ӕмӕ хӕрзӕгъдау адӕм. Уыдоны «ӕвзӕр легъуитӕ» схонӕн нӕй, кӕддӕр дзуттӕгты куыд уыд схонӕн, афтӕ. Фӕлӕ-ма нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм, рӕстаг адӕймаг Давид Йегъовӕйӕн куыд лӕгъстӕ кодта: «О Хуыцау, басгар мын мӕ зӕрдӕ ӕмӕ йӕ базон. Ныккӕс мын мӕ зӕрдӕмӕ ӕмӕ йӕ базон, ӕнцой мын цы нӕ дӕтты. Ӕркӕс, мыййаг, мӕ зӕрдӕйы ницы ис ахӕмӕй, фыдбылыз фӕндагмӕ мӕ цы схойы» (Пс. 17:3; 139:23, 24).

11, 12. а) Алчидӕр нӕ йӕ зӕрдӕмӕ цӕмӕн хъуамӕ ныккӕса? ӕ) Хуыцау цы нӕ араздзӕн?

11 Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй, нӕ зӕрдӕйы цы ис, уымӕй алкӕддӕр райгонд уа. Йереми загъта: «Ды, о ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ, лӕмбынӕг кӕсыс рӕстгӕнӕгмӕ, ды уыныс уыргтӕ ӕмӕ зӕрдӕ» (Йер. 20:12). Кӕд Йегъовӕ суанг рӕстгӕнӕджы зӕрдӕмӕ дӕр лӕмбынӕг кӕсы, уӕд-иу цымӕ нӕхӕдӕг хъуамӕ нӕ зӕрдӕмӕ ма ныккӕсӕм ӕмӕ-иу ма базонӕм, ӕцӕгӕй дзы цы ис, уый? (Бакӕс Псалом 11:5.) Афтӕмӕй дзы, чи зоны, ссарӕм ахӕм хъуыды, фӕнд кӕнӕ ӕнкъарӕн, Йегъовӕмӕ лӕмбынӕг кӕй тыххӕй нал хъусӕм. Чи зоны нӕ бахъӕуа нӕ зӕрдӕйӕн «операци» скӕнын, цӕмӕй дзы ӕвзӕрӕй цы ис, уый сисӕм. Уӕдӕ нӕ зӕрдӕйӕн тӕссаг цавӕр хъуыдытӕ ӕмӕ ӕнкъарӕнтӕй у? Ӕмӕ нӕ исты фӕивын куы хъӕуа, уӕд уый нӕ бон куыд уыдзӕн саразын? (Йер. 4:4).

12 Иу хъуыддаг бӕлвырд у: Йегъовӕ нӕ тыхӕй нӕ фӕивын кӕндзӕн. Уый «хорз легъуиты» тыххӕй загъта, кӕй сын ратдзӕн ахӕм зӕрдӕ, цӕмӕй йӕ зоной. Афтӕ нӕ загъта, ӕмӕ сын сӕ зӕрдӕтӕ тыхӕй фӕивын кӕндзӕн. Хъуамӕ сӕхи фӕндыдаид, цӕмӕй Хуыцауы зыдтаиккой ӕмӕ сын коммӕгӕс зӕрдӕ уыдаид. Махӕн дӕр ахӕм зӕрдӕ хъуамӕ ма уа?

Дӕ зӕрдӕмӕ-иу куы ныккӕсай ӕмӕ-иу ӕй ӕвзӕр фӕндтӕй куы ссыгъдӕг кӕнай, уӕд дын Хуыцау арфӕ кӕндзӕн

13, 14. Куыд ис уый гӕнӕн, ӕмӕ чырыстонӕн, йӕ зӕрдӕйы цы ис, уый зиан хӕсса?

13 Йесо загъта: «Зӕрдӕйӕ цӕуынц фыдвӕндтӕ, марын, цардӕмбалыл гадзрахатӕй цӕуын, хӕтын, давын, мӕнгӕвдисӕн ныллӕууын, фауӕн ныхӕстӕ кӕнын» (Матф. 15:19). Уӕдӕ гӕнӕн ис, ӕмӕ чырыстоны йӕ зӕрдӕ хӕтындзинадмӕ дӕр ӕркӕна. Ӕмӕ йӕ тӕригъӕдыл куы не ’рфӕсмон кӕна, уӕд Хуыцауы хорзӕхӕй бынтондӕр ӕнӕхай фӕуыдзӕн. Фӕлӕ кӕд адӕймаг ахӕм тӕригъӕд нӕ ракӕны, уӕддӕр, чи зоны, йӕ зӕрдӕйы мидӕг ӕвзӕр фӕндтӕ арфӕй-арфдӕр уидӕгтӕ уадзой. (Бакӕс Матфейы 5:27, 28.) Кӕд дӕ зӕрдӕйы исты ӕвзӕр фӕндтӕ ис, уӕд тынг ахсджиаг у, цӕмӕй сӕ бындзарӕй стонай. Мыййаг, искӕмӕ кӕсгӕйӕ кӕнӕ искӕуыл хъуыды кӕнгӕйӕ дӕ зӕрдӕйы ӕвзӕр фӕндтӕ фӕзыны, ома, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм фӕндтӕ? Мыййаг, дӕ зӕрдӕйы ахӕмӕй ницы ис, ӕмӕ йӕ фӕивын хъӕуы?

14 Йе та райсӕм ӕндӕр уавӕр. Чи зоны, чырыстон йе ’фсымӕры кӕнӕ йӕ хойы «маргӕ» ма акӕна, фӕлӕ йӕм йӕ зӕрдӕйы маст хӕссын райдайа ӕмӕ дзы уый тыххӕй суанг йе сӕфт дӕр фена (Лев. 19:17). Ахӕм чырыстоны хъӕуы ӕппӕт тыхтӕй бацархайын, цӕмӕй уыцы ӕнкъарӕнтӕ йӕ зӕрдӕйӕ бындзарӕй стона (Матф. 5:21, 22).

15, 16. а) Чырыстонӕн йӕ зӕрдӕ «ӕнӕсунӕт» кӕд свӕййы? ӕ) Йегъовӕйы цӕуылнӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ зӕрдӕ «ӕнӕсунӕт» уа?

15 Чырыстӕттӕн сӕ фылдӕрӕн сӕ зӕрдӕтӕ ахӕм уавӕры не сты. Фӕлӕ ма Йесо дзырдта «фыдвӕндты» тыххӕй дӕр, кӕнӕ рӕдыд зондахасты тыххӕй. Зӕгъӕм, адӕймагмӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ рӕдыд хъуыды уа, йӕ бинонтыл куыд ӕнувыд хъуамӕ уа, уый фӕдыл. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, кӕд ацы «фӕстаг бонты» бирӕ «бинонты ’хсӕн уарзондзинад нал ис», уӕддӕр чырыстӕттӕ сӕ бинонты ӕмӕ сӕ хиуӕтты уарзынц (2 Тим. 3:1, 3). Фӕлӕ иуӕй-иутӕ сӕ хиуӕттыл афтӕ ӕнувыд вӕййынц, ӕмӕ исты хабар куы рауайы, уӕд уӕззау зондӕй нал фӕархайынц. Бирӕтӕ фӕзӕгъынц, хи туг, хи стӕгӕй зынаргъдӕр ницы ис, зӕгъгӕ. Ӕмӕ сын сӕ бинонтӕй искӕй куы фӕхъыг кӕнынц, уӕд ӕй сӕ зӕрдӕмӕ афтӕ арф айсынц, раст сын цыма сӕхи фӕхъыг кодтой. Ӕрхъуыды-ма кӕн, Динӕйы куы фӕхудинаг кодтой, уӕд йе ’фсымӕртӕ куыд тынг смӕсты сты, уый. Сӕ маст сӕ уымӕ ӕркодта, ӕмӕ бирӕ туг ныккалдтой (Райд. 34:13, 25–30). Стӕй Авессалом дӕр Амнонмӕ йӕ зӕрдӕйы маст хаста ӕмӕ йӕ уый тыххӕй амардта (2 Сам. 13:1–30). Уӕдӕ «фыдвӕндтӕ» зиан йеддӕмӕ ницы ӕрхӕссынц.

16 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕцӕг чырыстӕттӕ маргӕ никӕй кӕнынц. Фӕлӕ, чи зоны, афтӕ рауайа, ӕмӕ чырыстон йе ’муырнджытӕй искӕмӕ маст хӕссын райдайа, йӕ бинонтӕй йын кӕйдӕр кӕй бафхӕрдта йе та йӕм афтӕ кӕй фӕкаст, ӕмӕ йын ӕй бафхӕрдта. Ӕмӕ йӕм уый тыххӕй, чи зоны, уазӕгуаты дӕр мауал цӕуа ӕмӕ йӕ йӕхӕдӕг дӕр сӕхимӕ макуыуал фӕхона (Дзут. 13:1, 2). Фӕлӕ йе ’фсымӕрты чи уарзы, уый афтӕ никуы бакӕндзӕн. Йегъовӕ зоны, нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый. Ӕмӕ нӕм ахӕм ӕвзӕр ӕнкъарӕнтӕ куы ссара, уӕд махӕй дӕр зӕгъдзӕн, «йӕ зӕрдӕ у ӕнӕсунӕт», зӕгъгӕ (Йер. 9:25, 26). Рох дӕ ма уӕд, Йегъовӕ йӕ адӕмы афтӕ кӕй фӕдзӕхста: «Сунӕт скӕнут уӕ зӕрдӕтӕн» (Йер. 4:4).

ИВЫНДЗИНӔДТӔ АРАЗ ӔМӔ ДЫН АХӔМ ЗӔРДӔ УӔД, ЦӔМӔЙ ХУЫЦАУЫ ЗОНАЙ

17. Йегъовӕйӕ куы тӕрсӕм, уӕд нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн нӕ зӕрдӕ ивынӕн?

17 Дӕ зӕрдӕмӕ куы ныккӕсай, уӕд, чи зоны, бамбарай, Йегъовӕйы уынаффӕтӕм уайтагъд кӕй нӕ байхъусыс. Гӕнӕн ис, ӕмӕ фенай, цавӕрдӕр хъуыддаджы дӕ зӕрдӕ «ӕнӕсунӕт» кӕй у. Чи зоны, адӕм цы зӕгъдзысты, уымӕй тӕрсыс, бӕллыс кадмӕ кӕнӕ хъӕздыгдзинадмӕ. Хатт та, чи зоны, хивӕнд разыныс ӕмӕ, дӕхи цы фӕнды, уый фӕаразыс. Фӕлӕ ахӕм уавӕры бирӕтӕ уыдысты (Йер. 7:24; 11:8). Йереми, йӕ рӕстӕджы цӕрӕг дзуттӕгтӕй Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ чи сивта, уыдоны тыххӕй ныффыста, зӕгъгӕ, сӕ «зӕрдӕ сси хивӕнд ӕмӕ ӕнӕсӕттон». Стӕй ма загъта: «Уыдон сӕхинымӕр афтӕ нӕ ахъуыды кодтой: „Цӕй ӕмӕ тӕрсӕм нӕ Хуыцау Йегъовӕйӕ, тӕрккъӕвда, фӕззыгон къӕвда ӕмӕ уалдзыгон къӕвда йӕ афоныл чи дӕтты... уымӕй“» (Йер. 5:23, 24). Кӕд Йегъовӕйӕ тӕрсӕм, ома йын кӕд аргъ кӕнӕм, уӕд нӕ фӕнддзӕн, нӕ зӕрдӕйы ӕвзӕрӕй цы ис, уый бындзарӕй стонын. Афтӕмӕй нын ӕнцондӕр уыдзӕн Йегъовӕмӕ хъусын ӕмӕ-иу нӕ зӕрдӕйы аивын цы хъӕуа, уый аивын.

18. Ног бадзырд кӕимӕ хъуамӕ ӕрцыдаид арӕзт, уыдоны тыххӕй Йегъовӕ цы загъта?

18 Афтӕ куы архайӕм, уӕд нын Йегъовӕ ратдзӕн ахӕм зӕрдӕ, цӕмӕй йӕ зонӕм. Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ сӕйраджыдӕр хаудысты, ног бадзырд кӕимӕ хъуамӕ ӕрцыдаид арӕзт, уыцы сӕрст чырыстӕттӕм. Хуыцау загъта: «Мӕ закъон [сын] бавӕрдзынӕн сӕ мидӕг, сӕ зӕрдӕты сын ӕй ныффысдзынӕн... Ӕз суыдзынӕн сӕ Хуыцау, уыдон та суыдзысты мӕ адӕм». Стӕй ма загъта: «Иу иннӕмӕн ӕмӕ ӕфсымӕр ӕфсымӕрӕн нал амондзӕн ӕмӕ йын нал дзурдзӕн: „Йегъовӕйы базон!“, уымӕн ӕмӕ мӕ стырӕй-чысылӕй иууылдӕр зондзысты... Ӕз сын сӕ фыдхъуыддӕгтӕ ныххатыр кӕндзынӕн ӕмӕ сын сӕ тӕригъӕдтӕ нал ӕрхъуыды кӕндзынӕн» (Йер. 31:31–34) *.

19. Ӕцӕг чырыстӕттӕн цавӕр диссаджы ныфс ис?

19 Не ’ппӕт дӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, уыцы ног бадзырд нын цы ӕнусон хорздзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, уыдонмӕ. Уыцы хорздзинӕдтӕй уӕлӕрвты ӕви зӕххыл схайджын уыдзыстӕм, уӕддӕр нӕ алкӕй дӕр хъуамӕ фӕнда, цӕмӕй Йегъовӕйы зонӕм ӕмӕ йӕ адӕмӕй уӕм. Ахӕм арфӕдзинӕдтӕ райсыны тыххӕй нӕ ӕнӕмӕнг хъӕуы, цӕмӕй нӕ тӕригъӕдтӕ Чырыстийы нывонды фӕрцы хатыргонд ӕрцӕуой. Цымӕ, дӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд кӕй цӕуынц, уый дӕ хъуамӕ уымӕ ма разӕнгард кӕна, цӕмӕй дӕхӕдӕг дӕр иннӕтӕн хатыр кӕнай, суанг дын тынг зын куы уа, уӕддӕр? Кӕд, мыййаг, искӕмӕ мӕсты кӕныс кӕнӕ искӕмӕй де сӕфт дӕр уыныс, уӕд хъуамӕ ӕппӕт тыхтӕй бацархайай, цӕмӕй уыцы ӕнкъарӕнтӕ дӕ зӕрдӕйӕ стонай. Афтӕмӕй, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын дӕ кӕй фӕнды, ӕрмӕст уый нӕ равдисдзынӕ, фӕлӕ йӕ хуыздӕр кӕй базыдтай, уый дӕр. Уӕд Йегъовӕ дӕуӕн дӕр зӕгъдзӕн, кӕддӕр йӕ адӕмӕн куыд загъта, афтӕ: «Агурдзыстут мӕ ӕмӕ мӕ ссардзыстут, уымӕн ӕмӕ мӕ агурдзыстут ӕппӕт зӕрдӕйӕ. Ӕмӕ уын мӕхи ссарын бауадздзынӕн» (Йер. 29:13, 14).

^ 18 абз. Ног бадзырды тыххӕй дзырд цӕуы чиныджы «Хуыцау нын Йеремийы уылты цы дзуры», 14 сӕры.