Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Баввахс у Хуыцаумӕ

Йегъовӕ уарзы сӕрныллӕг адӕмы

Йегъовӕ уарзы сӕрныллӕг адӕмы

Нымӕцтӕ 12:1–15

БИРӔ кӕмӕн ӕнтысы, уыцы адӕм арӕх вӕййынц сӕрбӕрзонд, кадмондаг ӕмӕ хӕлӕггӕнаг. Фӕлӕ, цымӕ, ацы миниуджытӕ Йегъовӕ Хуыцауы зӕрдӕмӕ цӕуынц? Нӕ, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ аргъ кӕны йӕ лӕггадгӕнджыты сӕрныллӕгдзинадӕн. Уый бӕрӕг у, Библийы Нымӕцты чиныджы 12 сӕры цы хабӕртты кой ис, уымӕй. Уыцы хабӕрттӕ ӕрцыдысты Синайы ӕдзӕрӕг быдыры, израилӕгтӕ Египетӕй куы ссӕрибар сты, уый фӕстӕ.

Моисейы хистӕр хо ӕмӕ ’фсымӕр, Мариам ӕмӕ Аарон, йӕ «ныхмӕ дзурын райдыдтой» (1 стих). Ӕвӕццӕгӕн, Моисейӕн йӕхимӕ нӕ бацыдысты, фӕлӕ иннӕ израилӕгтӕн йӕ кой кодтой. Фыццаг дзы Мариамы кой кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ, ӕвӕццӕгӕн, уый райдыдта хъуыр-хъуыр кӕнын. Йӕ зӕрдӕмӕ нӕ цыд, Моисейы ус Кушы бӕстӕйӕ кӕй уыди, уый. Чи зоны, Мариам хъуыды кодта, адӕм уыцы ӕцӕгӕлон сылгоймагмӕ хуыздӕр цӕстӕй кӕсын куы райдайой.

Фӕлӕ хъуыддаг ӕндӕр цӕйдӕр мидӕг уыд. Мариам ӕмӕ Аарон дзырдтой: «Исты Йегъовӕ ӕрмӕст Моисейы уылты дзуры? Мах уылты дӕр нӕ дзуры?» (2 стих). Цымӕ фылдӕр бартӕ ӕмӕ кадмӕ кӕй бӕллыдысты, уый тыххӕй нӕ хъуыр-хъуыр кодтой?

Библийы куыд кӕсӕм, афтӕмӕй сын Моисей ницы дзырдта, сӕрныллӕгӕй сын фӕрӕзта. Фӕразон кӕй уыд, уымӕй бӕлвырд кӕны, Библийы ныхӕстӕ раст кӕй сты, зӕгъгӕ, «зӕххыл Моисейӕ сабырдӕр адӕймаг нӕ уыд» * (3 стих). Моисейы йӕхи раст кӕнын нӕ хъуыд. Йегъовӕ сӕ хъуыста ӕмӕ Моисейы сӕрыл рахӕцыд.

Моисейыл кӕй хъуыр-хъуыр кодтой, уый Йегъовӕ афтӕ нымадта, цыма йӕхи ныхмӕ дзурынц, уымӕн ӕмӕ йӕ йӕхӕдӕг сӕвӕрдта йӕ адӕмы сӕргъы. Хъуыр-хъуыр чи кодта, уыдонӕн Хуыцау куы уайдзӕф кодта, уӕд сын сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Моисеймӕ цы цӕстӕй каст, уый: «Ӕз йемӕ фӕныхас кӕнын лӕгӕй-лӕгмӕ». Йегъовӕ Мариам ӕмӕ Аароны бафарста: «Куыд бауӕндыдыстут... Моисейы ныхмӕ дзурын?» (8 стих). Моисейы ныхмӕ дзургӕйӕ, уыдон Хуыцауы ныхмӕ рацыдысты. Уый тыххӕй сӕм Йегъовӕ мӕстӕй рафыхт.

Мариам хъотырӕй фӕрынчын. Аарон Моисейӕн балӕгъстӕ кодта, цӕмӕй Мариамы тыххӕй Хуыцаумӕ скуывтаид. Ахъуыды-ма кӕн, Мариамы бахъуыд, кӕй ныхмӕ дзырдта, уый ӕххуыс! Моисей сӕм сӕрныллӕгӕй байхъуыста. Хуыцаумӕ скуывта, цӕмӕй йын йӕ хойы сдзӕбӕх кодтаид – уыцы хабӕртты тыххӕй уӕдмӕ ницы дзырдта. Мариам сдзӕбӕх, фӕлӕ авд боны уыд ӕгады бынаты, адӕмы размӕ йын цӕуӕн нӕ уыд.

Ацы хабарӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цы цӕуы ӕмӕ цы нӕ цӕуы, уый. Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй Хуыцау не ’мбал уа, уӕд хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй иу гыццыл дӕр сӕрбӕрзонд ма уӕм, ма хӕлӕг кӕнӕм ӕмӕ кадмондаг ма уӕм. Йегъовӕ уарзы сӕрныллӕг адӕмы ӕмӕ зӕрдӕ ’вӕры: «Сабыр адӕм... зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ фарнӕй бафсӕддзысты» (Псалом 37:11; Иаковы 4:6).

[Фиппаинаг]

^ 4 абз. Сӕрныллӕг адӕймагӕн йӕ бон вӕййы ӕнӕраст хъуыддӕгтӕн фӕразын ӕмӕ йӕ маст нӕ фӕисы.