Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Нойы ковчег ӕцӕгдӕр ссардтой?

Нойы ковчег ӕцӕгдӕр ссардтой?

РӔСТӔГӔЙ-РӔСТӔГМӔ фехъусӕн вӕййы, Нойы ковчег кӕй агурынц, уый тыххӕй. Адӕмы ковчег ссарын кӕй фӕнды, уый диссаг нӕу. Н. э. размӕ 2370–2369 азты Ной йӕ бинонтимӕ цы стыр ковчегы аирвӕзт, уый ссарын тынг цымыдисаг уаид археологтӕн. Ковчег ссарыныл бирӕ хӕттыты архайдтой, фӕлӕ йӕ абоны онг дӕр агурынц. Ӕмӕ кӕд бирӕ диссӕгтӕ фӕдзурынц, уӕддӕр, цымӕ, ӕууӕндӕн цӕуыл ис?

Библийы фыст ис, Нойы ковчег кӕй «ӕрлӕууыд Арараты хӕхтыл» (Райдиан 8:4). Арараты хӕхтӕ сты Турчы скӕсӕнырдыгӕй, Сомих ӕмӕ Иранмӕ хӕстӕг.

Уырдӕм бирӕ экспедицитӕ фӕцыд Нойы ковчег агурӕг, ӕмӕ-иу тынг цымыдисаг хабӕрттӕ дзырдтой, фӕлӕ сын бӕлвырдгӕнӕнтӕ нӕй. Хӕдтӕхӕгӕй ист къамтӕ, писийӕ сӕрст бӕласы сӕстытӕ ӕмӕ, ковчег йӕхи цӕстӕй чи федта, уыдоны ныхӕсты фӕстӕ-иу адӕмы ноджы тынгдӕр бафӕндыд фылдӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ссарын. Фӕлӕ уый ӕнцон хъуыддаг нӕу. Куыд хъуыды кӕнынц, афтӕмӕй ковчег ис Арараты хохыл иу-4 600 метры бӕрзӕндӕны. Стӕй уыцырдыгӕй сабыр кӕй нӕу, уымӕ гӕсгӕ хицауад фӕсарӕйнаг экспедицитӕн алы хатт хохмӕ схизыны бар нӕ ратты.

Фӕлӕ уӕддӕр бирӕты фӕнды ковчег агурӕг ацӕуын. Афтӕ сӕм кӕсы, ӕмӕ ковчегы сӕстытӕ нырма дӕр сты Арараты хохыл, фӕлӕ фылдӕр рӕстӕг уыцы хох вӕййы мит ӕмӕ ихы бын. Уыдон зӕгъынц, ковчег фенӕн кӕй ис ӕрмӕстдӕр сӕрды, тынг тӕвд рӕстӕджы.

Адӕммӕ-иу ковчег ссарыны ныфс фӕзынд, исты хабӕрттӕ-иу куы фехъуыстой, уӕд. Фыццаг ӕнусы иудейаг историк Иосиф Флавий фыста, йӕ размӕ цы историктӕ цард, уыдон кӕй дзырдтой, зӕгъгӕ, сӕ рӕстӕджы ма ковчег Арараты хохы бӕрзӕндӕй зынд. Дзырдтой, зӕгъгӕ, дам-иу адӕм ковчегы гӕбӕзтӕй сӕхицӕн дӕр хастой. Иосиф Флавий цы историкты кой кӕны, уыдонӕй иу уыд вавилойнаг Берос, цард н. э. размӕ ӕртыккаг ӕнусы.

Ӕппӕты диссагдӕр хабар радзырдта сомихаг лӕг Джордж Хагопиан. Дзырдта, зӕгъгӕ, 1900 азты райдиан, гыццыл ма куы уыд, уӕд йӕ хӕстӕгимӕ хохмӕ кӕй схызт ӕмӕ ковчег кӕй федта. Хагопиан амард 1972 азы, фӕлӕ цы хабар радзырдта, уый нырма дӕр бирӕты дисы ӕфтауы.

Ӕууӕндӕн сыл ис?

Цымӕ ӕцӕгдӕр ис ӕууӕндӕн, ковчег кӕй ссардтой кӕнӕ йӕ фидӕны кӕй ссардзысты, ууыл? Чи зоны, фӕлӕ уал нырма хабар дызӕрдыггаг у. Нӕ зӕрдыл ма ӕрлӕууын кӕнӕм, Библийы бӕлвырд фыст кӕй нӕй, Доны хъаймӕты фӕстӕ зӕхх куы бахус, уӕд ковчег кӕм ӕрлӕууыд, уый. Фыст дзы ис ӕрмӕстдӕр, «нау ӕрлӕууыд Арараты хӕхтыл», зӕгъгӕ.

Диссаг нӕу, бирӕты хъуыдымӕ гӕсгӕ, ковчег Арараты ӕппӕты бӕрзонддӕр ран кӕй ис. Фӕлӕ Библийы ницы ис фыст, Хуыцау ковчег Арараты хохыл тӕккӕ бӕрзонддӕр ран кӕй ӕрлӕууын кодта, уый тыххӕй. Уыцы бынат абон денджызӕй 5 километры уӕлдӕр у ӕмӕ ӕмбӕрзт у ихӕй *. Зӕрдылдаринаг ма у, ковчег хохыл куы ӕрлӕууыд, уӕд ма Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ ковчегы цалдӕр мӕйы кӕй фесты (Райдиан 8:4, 5). Стӕй зӕхмӕ куы рахызтысты, уӕддӕр семӕ цы бирӕ цӕрӕгойтӕ уыд, уыдонимӕ бӕрзонд хохӕй бынмӕ альпинисттау куыд хызтаиккой? Кӕд абон ӕндӕрхуызон хъуыды кӕнынц, уӕддӕр, ӕвӕццӕгӕн, ковчег ахӕм ран ӕрлӕууыд, цӕмӕй дзы ӕнцон рахизӕн уыдаид, фӕлӕ Райдианы 8:4, 5 стихтӕм гӕсгӕ бынтон ныллӕг бынат дӕр нӕ уыд. Фӕлӕ, зӕгъӕм, ковчег Арараты хӕхтыл ӕндӕр ран ӕрлӕууыд, уӕддӕр ӕнусты дӕргъы нӕ ныппырх уыдаид ӕмӕ йӕ адӕм нӕ фӕдавтаиккой?

Стӕй ма дызӕрдыггаг у, иуӕй-иутӕ афтӕ кӕй дзурынц, зӕгъгӕ, ковчег куы ссарой, уӕд адӕмы уырнындзинадӕн стыр ӕххуыс кӕй уыдзӕн, уый. Иу экспедицийы сӕргъы чи уыд, уый загъта, зӕгъгӕ, ковчег куы ссарой, уӕд «милуангай адӕмӕн сӕ уырнындзинад бафидар уыдзӕн... ӕмӕ бирӕтӕ Хуыцауыл баууӕнддзысты». 2004 азы загъта, зӕгъгӕ, ковчег куы ссарой, уӕд уый уыдзӕн, «Чырыстийы райгасдзинады фӕстӕ ӕппӕты стырдӕр диссаг». Фӕлӕ сӕ экспедицийӕн ацӕуын нӕ бантыст.

Цымӕ Нойы ковчег куы ссарой, уӕд уый ӕцӕгдӕр бафидар кӕндзӕн адӕмы уырнындзинад ӕмӕ фылдӕр адӕм баууӕнддзӕн Хуыцауыл? Библи куыд ӕмбарын кӕны, афтӕмӕй, цы уынӕм ӕмӕ цӕмӕ ’вналӕм, уымӕй кӕнгӕ нӕу ӕцӕг уырнындзинад (2 Коринфӕгтӕм 5:7). Иуӕй-иутӕ дзурынц, зӕгъгӕ, сӕхи цӕстӕй исты куы феной, ӕрмӕстдӕр уӕд баууӕнддзысты Библийӕ иуӕй-иу хабӕрттыл. Фӕлӕ ӕцӕгӕй та ахӕм адӕмы иу бӕлвырдгӕнӕн дӕр нӕ басӕтдзӕн. Чырысти йӕхӕдӕг загъта, иуӕй-иу адӕмы ӕппындӕр ницы баууӕндын кӕндзӕн, мӕрдтӕ куыд ӕгас кӕнынц, уый сӕхи цӕстӕй куы феной, уӕддӕр! (Лукайы 16:31).

Иннӕмӕй та, ӕцӕг уырнындзинад хъуамӕ фидар бындурыл арӕзт уа (Дзуттӕгтӕм 11:1). Цымӕ ис ахӕм фидар бӕлвырдгӕнӕн, цӕмӕй адӕм баууӕндой, Доны хъаймӕн ӕцӕг кӕй уыд? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ис. Йесо Чырысти загъта: «Ной наумӕ... бахызт ӕмӕ доны хъаймӕт... райдыдта» (Лукайы 17:26, 27). Ацы ныхӕстӕ сты ӕппӕты стырдӕр бӕлвырдгӕнӕн. Цӕмӕн?

Йесо Чырысти цалынмӕ зӕхмӕ не ’рцыд, уӕдмӕ цард уӕлӕрвты (Иоанны 8:58). Йӕхӕдӕг уыдта, ковчег куыд арӕзтой ӕмӕ Доны хъаймӕт куыд райдыдта, уый. Дӕумӕ гӕсгӕ, кӕй ныхӕстыл ис тынгдӕр баууӕндӕн: алцыдӕр йӕхӕдӕг чи федта, дызӕрдыг кӕнӕн кӕуыл нӕй ӕмӕ Хуыцауы Фырт кӕй у, уый йӕ цардӕй чи равдыста, ууыл, ӕви афтӕ чи зӕгъы, хохы цъуппыл ихы бын бӕласы сӕстытӕ ссардтам, зӕгъгӕ, уыдоныл? Ацы хабӕрттыл куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд бамбардзыстӕм, Нойы ковчег кӕй уыд, уымӕн фагӕй фылдӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ кӕй ис.

[Фиппаинаг]

^ 10 абз. Арараты хӕхтыл нымад цӕуынц, вулканы руаджы цы хӕхтӕ фӕзынд, уыдон. Ӕппӕты бӕрзонддӕр бынат у 5 165 метры. Уыцы вулкан 1840 азӕй фӕстӕмӕ нал срӕмыгъта.

[Хицӕнгонд текст 29 фарсыл]

Библийы Доны хъаймӕты тыххӕй цы фыст ис, ууыл ӕууӕндӕн ис?

[Хицӕнгонд текст 30 фарсыл]

Йесо Чырысти загъта: «Ной наумӕ... бахызт ӕмӕ доны хъаймӕт... райдыдта»