Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Зыдтай йӕ?

Зыдтай йӕ?

Апостол Павел «уӕлахизы цыды» кой куы кодта, уӕд ӕй цы зӕгъын фӕндыд?

▪ Павел ныффыста: «Хуыцау... мах алкӕддӕр кӕны Чырыстиимӕ уӕлахизы цыды ӕмӕ мах уылты алы ран дӕр адджын тӕфау парахат кӕны зонындзинӕдтӕ йӕхи тыххӕй! Мах Хуыцауӕн стӕм Чырыстийы тыххӕй хорз хабары адджын тӕф, ӕмӕ уыцы тӕф хӕццӕ кӕны, ирвӕзындзинады фӕндагыл чи ис, уыдонмӕ дӕр ӕмӕ, сӕфты фӕндагыл чи ис, уыдонмӕ дӕр. Фӕстӕгтӕн уый у мӕлӕты тӕф, ӕмӕ сӕ кӕны мӕлӕтмӕ. Фыццӕгтӕн та – царды адджын тӕф, ӕмӕ сӕ кӕны цардмӕ» (2 Коринфӕгтӕм 2:14–16).

Павел дзырдта, ромӕгтӕм цы ӕгъдау уыд, уый тыххӕй: знагыл-иу чи фӕуӕлахиз, уыцы ӕфсады хицауы номыл-иу скодтой бӕрӕгбон. Адӕмы раз-иу уацайрӕгты уынджы фӕцӕйкодтой, знаджы мулкӕй сӕ къухы цы бафтыд, уыдӕттӕ та-иу хастой, цӕмӕй сӕ иууылдӕр уыдтаиккой. Уымӕй уӕлдай ма-иу сӕ разӕй тардтой, нывондӕн кӕй хъуамӕ ӕрхастаиккой, уыцы галты. Адӕм та-иу хъӕрӕй кадджын кодтой ӕфсады хицауы ӕмӕ йе ’фсӕддонты. Уыцы уӕлахизы цыд-иу кӕронмӕ куы ахӕццӕ, уӕд-иу галты нывондӕн ӕрхастой, уацайрӕгты та-иу амардтой.

Иу энциклопедийы куыд фыст ис, афтӕмӕй ацы ныхас, «Чырыстийы тыххӕй хорз хабары адджын тӕф», зӕгъгӕ, ӕвӕццӕгӕн, «ист у ромаг ӕгъдауӕй; уыцы ӕгъдаумӕ гӕсгӕ-иу уӕлахизы цыды рӕстӕг буд сыгътой. Уӕлахиздзаутӕн буды адджын тӕф нысан кодта стыр кад, уацайрӕгтӕн та дзурӕг уыди, мӕлӕт сӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ууыл» («The International Standard Bible Encyclopedia») *.

Дзуттаг Фыстыты арӕх цы «кувӕн бынӕтты» кой цӕуы, уыдон цы сты?

▪ Дзуттӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕххы къӕсӕрыл куы уыдысты, уӕд сын Йегъовӕ ныффӕдзӕхста, цӕмӕй ханаайнӕгты кувӕн бынӕттӕ ныппырх кодтаиккой. Загъта сын: «Хъуамӕ сын сӕ дурӕйконд хуыцӕуттӕ ӕмӕ се ’фсӕйнаг хуыцӕуттӕ иууылдӕр фесафат ӕмӕ сын сӕ кувӕн бынӕттӕ иууылдӕр ныппырх кӕнат» (Нымӕцтӕ 33:52). Мӕнгхуыцӕуттӕн-иу куывтой къуыбыртыл кӕнӕ та-иу кувынӕн бынӕттӕ скодтой ӕндӕр ран, зӕгъӕм, бӕлӕсты бын кӕнӕ горӕтты (1 Паддзӕхты 14:23; 2 Паддзӕхты 17:29; Йезекил 6:3). Уыцы кувӕн бынӕтты-иу уыди нывондхӕссӕнтӕ, кувӕн дуртӕ кӕнӕ цӕджындзтӕ, гуымирытӕ, буд-иу кӕм сыгътой, ахӕм мигӕнӕнтӕ ӕмӕ ӕндӕр ахӕм дзауматӕ.

Цалынмӕ Иерусалимы кувӕндон арӕзт не ’рцыд, уӕдмӕ израилӕгтӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кодтой, йӕхӕдӕг кӕй равзӕрста, уыцы бынӕтты. Библи сӕ хоны кувӕн бынӕттӕ. Зӕгъӕм, Хуыцауы пехуымпар Самуил нывонд ӕрхаста «кувӕн бынаты», Цуфы зӕххы цы горӕттӕ уыд, уыдонӕй иуы (1 Самуилы 9:11–14). Фӕлӕ кувӕндон арӕзт куы ’рцыд, уӕд-иу уый фӕстӕ, Йегъовӕйыл ӕнувыд чи уыд, уыцы паддзӕхтӕ архайдтой, цӕмӕй бӕстӕ «кувӕн бынӕттӕй» ссыгъдӕг кодтаиккой (2 Паддзӕхты 21:3; 23:5–8, 15–20; 2 Азфыст 17:1, 6).

[Фиппаинаг]

^ 5 абз. Ацы ныхӕстӕ куыд ӕмбаргӕ сты, уый тыххӕй бӕстондӕр ныхас цыди 1990 азы 15 ноябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы, 27 ф., (уыр.).

[Ныв 23 фарсыл]

Уӕлахизы цыд Ромы. барельефӕн йӕ иу хай, н. э. 2 ӕнус

[Барлӕвӕрдӕй]

Photograph taken by courtesy of the British Museum

[Ныв 23 фарсыл]

Газеры кувӕн цӕджындзты хӕлддзӕгтӕ