Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Нӕ кӕсджытӕ фӕрсынц...

Цымӕ алкӕмӕндӕр ӕмхуызон фадӕттӕ ис Хуыцауы базонынӕн?

Цымӕ алкӕмӕндӕр ӕмхуызон фадӕттӕ ис Хуыцауы базонынӕн?

▪ Чырыстийы куы бафарстой, Хуыцауы фӕдзӕхстытӕй ӕппӕты сӕйрагдӕр кӕцы у, зӕгъгӕ, уӕд загъта: «Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарз ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт зондӕй» (Матфейы 22:37). Фӕлӕ, цӕмӕй адӕм Хуыцауы бауарзой, уый тыххӕй уал ӕй хъуамӕ хорз базоной (Иоанны 17:3). Ӕмӕ цымӕ алкӕмӕндӕр ӕмхуызон фадӕттӕ ис Хуыцауы базонынӕн?

Хуыцауы сӕйраджыдӕр базонӕн ис Библийы руаджы (2 Тимофеймӕ 3:16). Абон бирӕ бӕстӕты адӕмӕн фадат ис Библи кӕсынӕн. Уымӕй уӕлдай ма, чи зоны, уыцы адӕмимӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ ныхас кодтой ӕмӕ сын нӕ дзырдтой, кӕй ис Библи ахуыр кӕнӕн, ӕмӕ афтӕмӕй Хуыцауы хуыздӕр базонӕн (Матфейы 28:19). Иуӕй-иутӕн та сӕ ныййарджытӕ уыдысты Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ сын йӕ закъӕттӕ амыдтой (Дыккаг закъон 6:6, 7; Ефесӕгтӕм 6:4).

Фӕлӕ алкӕмӕн йӕ уавӕртӕ ахӕм не сты. Иуӕй-иутӕн сӕ ныййарджытӕ уыдысты тызмӕг ӕмӕ сӕ никуы барӕвдыдтой (2 Тимофеймӕ 3:1–5). Ахӕм уавӕрты чи схъомыл, уыдонӕн ӕнцон нӕу Хуыцаумӕ фӕлмӕнзӕрдӕ уӕларвон Фыды цӕстӕй кӕсын. Бирӕтӕн та фадат нӕ уыд скъолайы ахуыр кӕнынӕн, ӕмӕ уый тыххӕй сӕ бон нӕу Библи кӕсын. Ис ахӕмтӕ дӕр, ӕмӕ, цы диныл хӕст сты, уый аххосӕй раст не ’мбарынц, Хуыцау чи у ӕмӕ Библийы цы фыст ис, уыдӕттӕ. Иннӕтӕ та цӕрынц ахӕм бинонты кӕнӕ адӕмы ’хсӕн, йе та ахӕм бӕстӕйы, Библийӕн йӕ кой кӕнын дӕр кӕм нӕ уадзынц (2 Коринфӕгтӕм 4:4). Цымӕ ахӕм адӕмӕн фадат нӕй, цӕмӕй Хуыцауы базоной ӕмӕ йӕ бауарзой?

Чырысти ӕмбӕрста, иуӕй-иутӕн цӕйдӕрты аххосӕй зын кӕй уыдзӕн Хуыцауы бауарзын ӕмӕ йӕ коммӕ кӕсын (Матфейы 19:23, 24). Фӕлӕ уӕддӕр йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бамбарын кодта: адӕймагмӕ афтӕ куы кӕса, ӕмӕ йӕ цыдӕр хъыгдары, цӕмӕй Хуыцауы базона, уӕддӕр уый йӕ бон бауыдзӕн, уымӕн ӕмӕ йын уыцы хъуыддаджы Хуыцау йӕхӕдӕг баххуыс кӕндзӕн (Матфейы 19:25, 26).

Ахъуыды-ма кӕнӕм: Хуыцау Йегъовӕ батыхст, цӕмӕй йӕ Ныхас, Библи, уа ӕппӕты зындгонддӕр чиныг. Ӕмӕ афтӕ уыд алкӕддӕр. Библийы фыст ис, хорз хабар Хуыцауы тыххӕй ӕмӕ йӕ фӕндты тыххӕй хъуыстгонд кӕй ӕрцӕудзӕн «ӕппӕт адӕмтӕн дӕр» (Матфейы 24:14). Абон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ 230 бӕстӕйӕ фылдӕры хъусын кӕнынц уыцы хорз хабар ӕмӕ 500 ӕвзагыл та мыхуыр кӕнынц, Библи чи ӕмбарын кӕны, ахӕм литературӕ. Кӕд кӕмӕндӕрты Библи кӕсыны фадат нӕй, уӕддӕр Хуыцауы тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ сӕ бон у базонын, цы сфӕлдыста, уыдӕттӕм кӕсгӕйӕ (Ромӕгтӕм 1:20).

Уымӕй уӕлдай ма Хуыцауы Ныхасы фыст ис: «Йегъовӕ кӕсы алкӕй зӕрдӕмӕ дӕр ӕмӕ адӕймагӕн йӕ алы хъуыды ӕмӕ йӕ алы фӕнд дӕр базоны. Куы йӕ агурай, уӕд ӕй ссардзынӕ» (1 Азфыст 28:9). Уӕдӕ йӕ уынӕм, Йегъовӕ зӕрдӕ кӕй не ’вӕры, адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр ӕмхуызон фадӕттӕ кӕй уыдзӕн, цӕмӕй йӕ базоной. Фӕлӕ зӕгъы, ахӕм фадат кӕй ис алы сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймагӕн дӕр. Хуыцауы базоныны фадат кӕмӕн нӕ уыд, афтӕмӕй чи амард, суанг ма йӕ уыдонӕн дӕр сӕ бон уыдзӕн базонын, ног дунейы сӕ куы райгас кӕна, уӕд (Хъуыддӕгтӕ 24:15).