Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ КӔСДЖЫТӔ ФӔРСЫНЦ...

Рождествойы ӕгъдӕутты ӕвзӕрӕй исты ис?

Рождествойы ӕгъдӕутты ӕвзӕрӕй исты ис?

Рагӕй фӕстӕмӕ дӕр Рождество нымад у чырыстон бӕрӕгбоныл, хонынц ӕй Йесо Чырыстийы гуырӕнбон. Фӕлӕ, Рождествойы ӕгъдӕуттӕй бирӕтӕ Йесойы райгуырдимӕ куыд баст сты, уый фӕдыл нӕм, чи зоны, ӕвзӕры фарстатӕ.

Цӕвиттонӕн райсӕм таурӕгъ Санта-Клаусы тыххӕй. Ацы хъӕлдзӕг, урсбоцъо, сырх уадул Сантайы сырх уӕлӕдарӕсы адӕм базыдтой 1931 азы. Ӕрымысыд ӕй, адджын дӕттӕ чи уадзы, иу ахӕм америкаг компани йӕ продукци рекламӕ кӕнынӕн. 1950 азты Бразилийы чидӕртӕ афӕлвӕрдтой Сантайы бынӕттон таурӕгъты хъайтарӕй – Индейаг Бабайӕ – баивын. Ӕмӕ сын дзы исты рауад? Санта-Клаус ӕрмӕст Индейаг Бабайыл нӕ фӕуӕлахиз, фӕлӕ, профессор Карлуш Фантинати куыд зӕгъы, афтӕмӕй ма суанг «саби Йесойыл дӕр, ӕмӕ ныр 25 декабры бӕрӕгбон ӕнӕ Санта-Клаусӕй фидаугӕ дӕр нал кӕны». Фӕлӕ цымӕ Рождествойы бӕрӕгбон, зӕгъӕм, Санта-Клаусы таурӕгъ йеддӕмӕ ӕндӕр бафауӕн ницӕмӕй ис? Дзуапп базоныны тыххӕй ӕркӕсӕм, чырыстон дин куы фӕзынд, уӕд хабар куыд уыди, уымӕ.

«Бритайнаг энциклопеди»-йы фыст ис: «Фыццаг дыууӕ ӕнусы дӕргъы, чырыстон дин уый бар нӕ лӕвӕрдта, цӕмӕй хъизӕмаргӕнджыты гуырӕнбонтӕ кӕнӕ суанг Йесо Чырыстийы гуырӕнбон дӕр бӕрӕг кодтаиккой». Цӕуылнӕ? Чырыстӕттӕ гуырӕнбонтӕ бӕрӕг кӕнын нымадтой мӕнг хуыцӕуттӕн кувӕг адӕмы дины ӕгъдауыл, ӕмӕ сӕ уырнджытӕ хъуамӕ ма бӕрӕг кодтаиккой. Уымӕй уӕлдай Библийы фыст нӕй, Йесо Чырысти кӕцы бон райгуырд, уый.

Кӕд фыццаг чырыстӕттӕ гуырӕнбонты ныхмӕ уыдысты, уӕддӕр нӕ эрӕйы цыппӕрӕм ӕнусы католикон аргъуан бындур ӕрӕвӕрдта Рождествойӕн. Аргъуаны фӕндыд йӕ бартӕ ӕрфидар кӕнын, ӕмӕ цӕмӕй уый йӕ къухы бафтыдаид, уый тыххӕй йӕ разӕй айста, цы цӕлхдуртӕ йӕ хъыгдардтой, уыдон – мӕнг хуыцӕуттӕн кувӕг адӕмты дины ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ Ромы зымӕгон хурхӕтӕны бӕрӕгбӕттӕ. Пенне Рестады чиныджы фыст ис, зӕгъгӕ, алы аз дӕр 17 декабрӕй 1 январмӕ «ромӕгтӕн сӕ фылдӕр кодтой куывдтӕ, алыхуызон хъӕзтытӕй-иу хъазыдысты, уынгты-иу къордгӕйттӕй цыдысты ӕмӕ-иу ӕндӕр хуызы сӕ хуыцӕуттӕн табу кодтой» (Christmas in America). 25 декабры та ромӕгтӕ бӕрӕг кодтой Хъомысджын Хуры гуырӕнбон. Аргъуан Рождество уыцы бон кӕй скодта, уымӕ гӕсгӕ йӕ ромӕгтӕй тынг бирӕтӕ ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакодтой, афтӕмӕй хуры гуырӕнбоны бӕсты бӕрӕг кӕнын райдыдтой Йесо Чырыстийы гуырӕнбон. Фӕлӕ ромӕгтӕ «уӕддӕр сӕ зымӕгон бӕрӕгбӕттимӕ баст ӕгъдӕуттӕ нӕ ныууагътой»,– фыст ис Герри Баулеры чиныджы (Santa Claus, a Biography). Зӕгъӕн ис, ӕмӕ уыдон «ног бӕрӕгбӕттӕ кодтой зӕронд ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ».

Уӕдӕ куыд федтам, афтӕмӕй Рождествойы ӕгъдӕуттӕ сӕйраджыдӕр уый тыххӕй ис бафауӕн, ӕмӕ сын чырыстон динимӕ иумӕйагӕй ницы ис. Стивен Ниссенбаум йӕ чиныджы ныффыста, зӕгъгӕ, дам, Рождество чырыстон динмӕ ницы бар дары, чырыстон динӕй йӕм ӕрмӕст цыдӕртӕ кӕй бафтыдтой, ӕндӕр (The Battle for Christmas). Афтӕмӕй Рождество ӕгад кӕны Хуыцауы ӕмӕ йӕ Фырт Йесо Чырыстийы. Цымӕ уый ахӕм ахсджиаг хъуыддаг у? Библи дзуры: «Цы иу кӕны рӕстдзинад фыддзинадимӕ? Науӕд рухсӕн талынгимӕ иумӕйагӕй цы ис?» (2 Коринфӕгтӕм 6:14). Бӕласы хъӕд зылынӕй куы сырӕза, ӕмӕ йӕ сраст кӕнӕн куыд нал уа, афтӕ Рождество дӕр мӕнг хуыцӕуттӕн кувӕг адӕмты ӕгъдӕутты аххосӕй зылынӕй «сырӕзт», ӕмӕ никуыуал сраст уыдзӕн, ома дзы чырыстон бӕрӕгбон никуыуал рауайдзӕн (Екклесиаст 1:15).