Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Рождество цӕуылнӕ бӕрӕг кӕнынц?

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Рождество цӕуылнӕ бӕрӕг кӕнынц?

Бирӕтӕ куыд хъуыды кӕнынц

 Рӕдыд хъуыды: Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Рождество нӕ бӕрӕг кӕнынц, уымӕн ӕмӕ Чырыстийыл не ’ууӕндынц.

 Ӕцӕгӕй та куыд у: Мах стӕм чырыстӕттӕ. Мах уырны, ӕрмӕстдӕр Йесо Чырыстийы фӕрцы кӕй ис фервӕзӕн (Хъуыддӕгтӕ 4:12).

 Рӕдыд хъуыды: Адӕмӕн амонут, зӕгъгӕ, Рождество бӕрӕг кӕнӕн нӕй, ӕмӕ афтӕмӕй бинонты кӕрӕдзийы ныхмӕ ардаут.

 Ӕцӕгӕй та куыд у: Мах адӕмӕн амонӕм, Библийы цы фыст ис, уый, ӕмӕ афтӕмӕй архайӕм, цӕмӕй бинонтӕ кӕрӕдзийыл ӕнувыддӕр уой.

 Рӕдыд хъуыды: Рождествойы рӕстӕг адӕм вӕййынц рӕдау, кӕрӕдзийӕн хорз хъуыддӕгтӕ фӕаразынц ӕмӕ сӕ фӕфӕнды, цӕмӕй ӕгас зӕххыл дӕр уа сабырдзинад. Сымах та уӕхи уымӕй ӕнӕхай кӕнут.

 Ӕцӕгӕй та куыд у: Мах иннӕтӕм хорз цӕстӕй кӕсӕм ӕмӕ сын хорз хъуыддӕгтӕ ӕрмӕст цавӕрдӕр бонты нӕ фӕаразӕм, фӕлӕ алы бон дӕр (Ӕмбисӕндтӕ 11:25; Ромӕгтӕм 12:18). Зӕгъӕм, ӕмбырдтӕ уадзӕм ӕмӕ хъусын кӕнӕм Йесойы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ: «Лӕвар райстат – лӕвар дӕттут» (Матфейы 10:8). Уымӕй уӕлдай ма адӕмӕн дзурӕм, Хуыцауы Паддзахады фӕрцы нӕ фидар ныфс кӕй ис, ӕгас зӕххыл дӕр сабырдзинад кӕй уыдзӕн (Матфейы 10:7).

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Рождество цӕуылнӕ бӕрӕг кӕнынц?

  •   Йесо нын бафӕдзӕхста, цӕмӕй бӕрӕг кӕнӕм йӕ мӕлӕты бон, йӕ гуырӕнбон нӕ, фӕлӕ (Лукайы 22:19, 20).

  •   Йесойы апостолтӕ ӕмӕ фыццаг ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕ Рождество нӕ бӕрӕг кодтой. Иу энциклопедийы фыст ис: «Рождество бӕрӕг кӕнын райдыдтой ӕрмӕстдӕр [н. э.] 243 азмӕ ’ввахс, фӕстаг апостолы мӕлӕтӕй иу ӕнусӕй фылдӕр куы рацыд, уӕд» (New Catholic Encyclopedia).

  •   Йесо 25 декабры кӕй райгуырд, уымӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ нӕй; Библийы фыст нӕй, цы бон райгуырд, уый.

  •   Мах уырны, Рождествойы бӕрӕгбон Хуыцауы зӕрдӕмӕ кӕй нӕ цӕуы, уымӕн ӕмӕ мӕнг динимӕ баст у (2 Коринфӕгтӕм 6:17).

Иннӕтӕ цы зӕгъдзысты, уымӕй тӕрсын цӕуылнӕ хъӕуы?

 Бирӕтӕ зонынц, Рождество мӕнг динӕй кӕй равзӕрд ӕмӕ Библимӕ гӕсгӕ раст кӕй нӕу, фӕлӕ йӕ уӕддӕр бӕрӕг кӕнынц. Ӕмӕ сӕ бон у зӕгъын: «Чырыстон кӕй дӕн, уымӕ гӕсгӕ Рождество цӕуылнӕуал хъуамӕ бӕрӕг кӕнон? Уый дзырддаг цӕмӕн у?».

 Библи нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй-иу цавӕрдӕр хъуыддаг скъуыддзаг кӕнгӕйӕ «арф хъуыды кӕнӕм» (Ромӕгтӕм 12:1, 2). Ахуыр нӕ кӕны, цӕмӕй рӕстдзинадӕн аргъ кӕнӕм (Иоанны 4:23, 24). Мах фӕнды, цӕмӕй нӕ иннӕтӕ ’взӕр ма хъуыды кӕной, фӕлӕ нын сӕйрагдӕр у, Библи цы зӕгъы, уымӕ хъусын, уый тыххӕй нӕм адӕм ӕндӕр цӕстӕй кӕсын куы райдайой, уӕддӕр.

 Кӕд нӕхӕдӕг Рождество нал бӕрӕг кӕнӕм, уӕддӕр ӕй ӕмбарӕм, иннӕтӕн уый бар кӕй ис, цӕмӕй сӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕной, бӕрӕг ӕй кӕндзысты ӕви нӕ. Уымӕ гӕсгӕ никӕмӕн дзурӕм, цӕмӕй Рождество ма бӕрӕг кӕной.