Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы Ныхас хуыздӕр базон

Чи у Йесо Чырысти?

Чи у Йесо Чырысти?

Ацы статьяйы ӕвзӕрст цӕуынц алыхуызон фарстатӕ. Чи зоны сыл ды дӕр хъуыды кодтай. Алы фарстамӕ дӕр дзы амынд ис, Библийы йын дзуапп дӕ бон кӕм у ссарын, уыцы бынат. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уыцы фарстатыл демӕ ӕхсызгонӕй аныхас кӕндзысты.

1. Чи у Йесо Чырысти?

Иннӕ адӕмӕй уӕлдай, Йесо Чырысти, цалынмӕ зӕххыл нӕ райгуырд, уӕдмӕ уыд зӕд ӕмӕ царди уӕлӕрвты (Иоанны 8:23). Хуыцау фыццаг сфӕлдыста Йесойы, уый фӕстӕ та алцыдӕр сфӕлдыстой иумӕ. Йегъовӕ ’рмӕстдӕр Йесойы сфӕлдыста йӕхӕдӕг, ӕмӕ Библийы уымӕн хуыйны Хуыцауы «иунӕг» кӕнӕ «иунӕггуырд» Фырт. Йесо Хуыцауы номӕй кӕй дзырдта, уымӕ гӕсгӕ йӕ Библи хоны «Дзырд» дӕр (Иоанны 1:1–3, 14, фип.; бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 8:22, 23, 30; Колоссӕгтӕм 1:15, 16).

2. Йесо зӕхмӕ цӕмӕн ӕрцыд?

Хуыцау йӕ Фырты уӕларвӕй зӕхмӕ рарвыста – афтӕ бакодта, ӕмӕ райгуырд, нӕлгоймагимӕ ӕмуат чи никуы ’рцыд, ахӕм ӕрыгон дзуттаг сылгоймаг Марийӕйӕ. Уӕдӕ Йесойӕн зӕххон фыд нӕ уыд (Лукайы 1:30–35). Йесо зӕхмӕ ’рцыд, 1) цӕмӕй адӕмӕн Хуыцауы тыххӕй рӕстдзинад радзырдтаид, 2) Хуыцауы фӕндон куыд ӕххӕст кӕнын хъӕуы, уый равдыстаид, 3) йӕ уд радтаид адӕмы «балхӕныны» тыххӕй. (Бакӕс Матфейы 20:28; Иоанны 18:37.)

3. Цӕмӕн нӕ хъуыди «балхӕнын»?

Адӕймаг фыдгӕнджыты къухмӕ куы бахауы, уӕд ӕй фӕхъӕуы балхӕнын, цӕмӕй ссӕрибар уа. Хуыцау адӕмы куы сфӕлдыста, уӕд ӕй нӕ фӕндыд, цӕмӕй зӕронд кодтаиккой ӕмӕ мардаиккой. Уый кӕцӕй зонӕм? Хуыцау фыццаг адӕймагӕн, Адамӕн, загъта, йӕ коммӕ куы нӕ бакӕса, уӕд кӕй амӕлдзӕн. Библимӕ гӕсгӕ та Хуыцауы ныхасы сӕрты ахизын у тӕригъӕд. Адам тӕригъӕд куы нӕ ракодтаид, уӕд никуы амардаид. Фӕлӕ Хуыцаумӕ цы бон нӕ байхъуыста, уыцы бон мӕлӕты фӕндагыл ныллӕууыд, кӕд ма уый фӕстӕ цалдӕр ӕнусы фӕцард, уӕддӕр (Райдиан 2:16, 17; 5:5). Адамӕй тӕригъӕд ахызт йе ’ппӕт байзӕддӕгтӕм дӕр, ӕмӕ тӕригъӕд та кӕны мӕлӕтмӕ. Уӕдӕ Адамы аххосӕй дунемӕ «ӕрцыд» мӕлӕт. Ӕмӕ нӕ растдӕр уый тыххӕй хъуыд «балхӕнын». (Бакӕс Ромӕгтӕм 5:12; 6:23.)

4. Чырысти цӕмӕн амард?

Кӕй бон нӕ уыди балхӕнын ӕмӕ нӕ мӕлӕтӕй ссӕрибар кӕнын? Адӕймаг йӕ мӕлӕтӕй бафиды ’рмӕстдӕр йӕхи тӕригъӕдтӕ. Иунӕг ӕнӕххӕст адӕймагӕн дӕр йӕ бон нӕу искӕй тӕригъӕдтӕ бафидын. (Бакӕс Псалом 49:7–9.)

Йесойӕн зӕххон фыд кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ туджы тӕригъӕд нӕ рахаста. Уӕдӕ Йесо йӕхи тӕригъӕдты тыххӕй нӕ амард, фӕлӕ иннӕты тӕригъӕдты тыххӕй. Хуыцау йӕ Фырты зӕхмӕ йӕ цард мах тыххӕй раттынмӕ кӕй рарвыста, уымӕй равдыста, куыд тынг нӕ уарзы, уый. Чырысти дӕр нӕ кӕй уарзы, уый равдыста, йӕ Фыды коммӕ кӕй бакаст ӕмӕ йӕ цард нӕ тӕригъӕдты тыххӕй кӕй радта, уымӕй. (Бакӕс Иоанны 3:16; Ромӕгтӕм 5:18, 19.)

5. Чырыстийӕн ныртӕккӕ цы бартӕ ис?

Чырысти адӕмы дзӕбӕх кодта, мӕрдты ӕгас кодта ӕмӕ йӕ цард радта, цӕмӕй адӕмы тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзын кодтаид. Уымӕй равдыста, коммӕгӕс адӕмӕн фидӕны цы хорздзинӕдтӕ скӕндзӕн, уый (Лукайы 18:35–42; Иоанны 5:28, 29). Йесо куы амард, уӕд ӕй Хуыцау райгас кодта, ӕмӕ та ногӕй зӕд сси (1 Петры 3:18). Уӕларвмӕ куы ссыд, уӕд ӕрбадт Хуыцауы рахиз фарс ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ каст, цалынмӕ йӕ ӕгас зӕххӕн Паддзахӕй нӕ сӕвӕрдта, уӕдмӕ (Дзуттӕгтӕм 10:12, 13). Ныр Йесо Чырысти у Паддзах уӕлӕрвты, ӕмӕ йын зӕххыл цы адӕм ис, уыдон йӕ разамындӕй ӕгас дунейы хъусын кӕнынц хорз хабар. (Бакӕс Данел 7:13, 14; Матфейы 24:14.)

Тагъд Паддзах Йесо Чырысти йӕ бартӕй спайда кӕндзӕн ӕмӕ ӕппӕт хъизӕмӕрттӕн, стӕй, адӕм уыцы хъизӕмӕрттӕ кӕй аххосӕй ӕвзарынц, уыдонӕн кӕрон скӕндзӕн. Чырыстийыл чи ’ууӕнды ӕмӕ йӕм чи хъусы, уыцы милуангай адӕм амондджынӕй зӕххыл дзӕнӕты цӕрдзысты. (Бакӕс Псалом 37:9–11.)

Кӕд дӕ фылдӕр базонын фӕнды, уӕд кӕс www.watchtower.org

[Ныв 17 фарсыл]

Чырыстийыл чи ’ууӕнды ӕмӕ йӕм чи хъусы, уыцы адӕм зӕххыл дзӕнӕты цӕрдзысты