Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Баввахс у Хуыцаумӕ

«Раджы замантӕй фӕстӕмӕ Чи ис, уый... ӕрбадт»

«Раджы замантӕй фӕстӕмӕ Чи ис, уый... ӕрбадт»

«АДӔМӔЙ Хуыцауы никуы ничи федта»,– фыст ис Библийы (Иоанны 1:18). Хуыцауы кад ахӕм стыр у, ӕмӕ туг ӕмӕ стӕгӕй конд адӕймагӕн йӕ бон нӕу, цӕмӕй йӕ фена, ӕмӕ удӕгасӕй баззайа (Рацыд 33:20). Фӕлӕ-иу Йегъовӕ хатт адӕмӕй кӕмӕндӕрты цӕстылуайӕны фенын кодта, уӕлӕрвты цы ис, уый. Уыцы адӕмӕй иу уыд пехуымпар Данел. Данел цӕстылуайӕны цы федта, уый йӕ стыр дисы бафтыдта ӕмӕ йӕ бафӕндыд Хуыцауы ноджы тынгдӕр кадджын кӕнын. Ахӕм фӕнд хъуамӕ уа махмӕ дӕр. Ӕркӕсӕм-ма, Данел уыцы цӕстылуайӕны тыххӕй цы ныффыста, уымӕ *. (Бакӕс Данелы 7:9, 10.)

«Раджы замантӕй фӕстӕмӕ Чи ис, уый». Хуыцауы афтӕ ӕрмӕстдӕр Данел схуыдта (Данел 7:9, 13, 22). Цымӕ Йегъовӕ кӕдӕй ис? Йегъовӕ «Ӕнусты Паддзах» кӕй у, уымӕ гӕсгӕ алкӕддӕр уыди ӕмӕ уыдзӕн (1 Тимофеймӕ 1:17; Иудӕйы 25). Хуыцау ӕнусон кӕй у, уый дзурӕг у йе ’гӕрон зондыл, уымӕн ӕмӕ Библимӕ гӕсгӕ, адӕймаг цас фылдӕр фӕцӕры, уыйас зондджындӕр вӕййы (Иов 12:12). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцау алкӕддӕр кӕй уыд, уый не ’нӕххӕст зондӕй нӕ бон бамбарын нӕу. Фӕлӕ цымӕ, ӕгӕрон зонд кӕмӕ ис, уыцы Хуыцауы кӕронмӕ бамбарӕн ис? (Ромӕгтӕм 11:33, 34).

Дӕ хъус-ма ӕрдар, Раджы замантӕй фӕстӕмӕ Чи ис, уый кӕй «ӕрбадт». Цӕмӕн? Данелы чиныджы 7 сӕры ма ӕмбӕлы ахӕм дзырдтӕ, зӕгъӕм, «Тӕрхонгӕнӕг» ӕмӕ «стӕрхон кодта». Уыдон нын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕн ӕрбадт, уый бамбарынӕн (Данел 7:10, 22, 26). Данел цы цӕстылуайӕн федта, уым Йегъовӕ ӕрбадт Тӕрхонгӕнӕгау. Ӕмӕ кӕмӕн хъуамӕ стӕрхон кодтаид? Данел уымӕй размӕ цӕстылуайӕны цы сырдты федта, уыдон кӕмӕ амыдтой, уыцы адӕмты * (Данел 7:1–8). Цавӕр тӕрхонгӕнӕг у Йегъовӕ?

«Йӕ дарӕс уыди митау урс, йӕ сӕрыхъуынтӕ уыдысты сыгъдӕг къуымбилы хуызӕн». Дзырд «урс» амоны рӕстдзинад ӕмӕ сыгъдӕгдзинадмӕ. Куыд зонӕм, афтӕмӕй къуымбил арӕхдӕр вӕййы урс. Уӕдӕ Данел Йегъовӕйы сӕрыхъуынтӕ къуымбилимӕ уымӕн абарста, ӕмӕ йын урс уыдысты. Данел цы федта, уый дӕ цӕстытыл ауайын кӕнын дӕ бон у? Уыныс урссӕр Тӕрхонгӕнӕджы урс-урсид дарӕсы? Данел Йегъовӕйӕ афтӕ кӕй загъта, уымӕй равдыста, йӕ тӕрхӕттӕ иууылдӕр кӕй сты раст ӕмӕ йе стыр зондыл дзурӕг кӕй сты. Йегъовӕ у, фидарӕй ӕууӕндӕн кӕуыл ис ӕмӕ кады аккаг чи у, ахӕм Тӕрхонгӕнӕг.

Йегъовӕ у, фидарӕй ӕууӕндӕн кӕуыл ис ӕмӕ кады аккаг чи у, ахӕм Тӕрхонгӕнӕг

«Мин-минтӕ йын лӕггад кодтой ӕмӕ сӕдӕ милуаны лӕууыдысты йӕ разы». Чи йын лӕггад кодта, уыдон чи уыдысты? Библи зӕдты хоны «[Хуыцауы] лӕггадгӕнджытӕ» (Псалом 104:4). Сӕдӕгай милуан зӕды Хуыцауы «ныхас... ӕххӕст кӕнынц» ӕмӕ йын «йӕ фӕндон... ӕххӕст кӕнынц» (Псалом 103:20, 21). Уӕдӕ уый дӕр Хуыцауы ӕгӕрон зондыл дзурӕг нӕу? Йегъовӕйы йеддӕмӕ ма йӕ бон кӕмӕн у милуангай зӕдтӕн ахӕм разамынд дӕттын, цӕмӕй бирӕ ӕнусты дӕргъы ӕдзух хъуыддаджы лӕуд уой?

Данел цы цӕстылуайӕн федта, уый нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй, Раджы замантӕй фӕстӕмӕ Чи ис, ууыл, Йегъовӕйыл, ноджы тынгдӕр ӕууӕндӕм. Йӕ тӕрхӕттӕ сты раст, йӕ зонд та у ӕгӕрон. Нӕ дӕ фӕнды, цӕмӕй, ахӕм стыр зонд кӕмӕ ис, уыцы Хуыцауы хуыздӕр базонай ӕмӕ йӕм баввахс уай?

Октябры Библийӕ дӕ бон у бакӕсын:

Данел 4–12Оси 1–14

^ 1 абз. Данел Хуыцауы нӕ федта. Хуыцау ын фенын кодта цӕстылуайӕн. Уый фӕстӕ Данел, цы федта, уый куы фыста, уӕд Хуыцауы кой кодта, цыма адӕймаджы кой кодта, афтӕ. Цы ныхӕстӕй спайда кодта, уыдон комкоммӕ ӕмбаргӕ не сты, фӕлӕ уыдоны фӕрцы нӕ бон у бамбарын, Хуыцау цавӕр у, уый.

^ 3 абз. Данел уыцы сырдты цы цӕстылуайӕны федта, уый тыххӕй дӕ кӕд фылдӕр базонын фӕнды, уӕд кӕс чиныг «Внимайте пророчеству Даниила!», 9 сӕр. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.