Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Коррупци цӕмӕн ис?

Коррупци цӕмӕн ис?

«Адӕймаг адӕймагӕн хицау кӕй у, уый йын хӕссы зиан» (ЕККЛЕСИАСТ 8:9).

АЦЫ ныхӕстӕ хорз ӕвдисынц, адӕймаг адӕймагӕн хицау куы сси, уӕдӕй нырмӕ уавӕр куыд у, уый. Хабар афтӕ кӕй рауад, бирӕтӕ уый тыххӕй хъизӕмар кӕнынц ӕмӕ уый тыххӕй сты ӕнамонд. Ӕнусты дӕргъы сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм архайынц, цӕмӕй зӕххыл рӕстдзинад уа, фӕлӕ адӕм зыд кӕй сты ӕмӕ хицӕуттӕ сӕ бартӕй раст кӕй нӕ пайда кӕнынц, уый тыххӕй сӕ фӕндтӕй никуы ницы рауад. Афтӕ цӕмӕн вӕййы? Коррупци афтӕ парахат цӕмӕн у? Ӕркӕсӕм, уымӕн цы ӕртӕ аххосаджы ис, уыдонмӕ.

1. Адӕймаг у тӕригъӕдджын.

Библи ӕргом дзуры, не ’ппӕт дӕр «тӕригъӕды дӕлбар» кӕй стӕм (Ромӕгтӕм 3:9). Тӕригъӕд абарӕн ис, нӕ туджы кӕй рахастам ӕмӕ сдзӕбӕх кӕнӕн кӕй нӕй, ахӕм низимӕ. Уый цӕры нӕ мидӕг ӕмӕ миназты дӕргъы у нӕ «паддзах». Мах стӕм «тӕригъӕды закъоны» уацары. Бирӕтӕ сӕ тӕригъӕдджын фӕндты коммӕ кӕй кӕсынц, уый тыххӕй сӕхи йеддӕмӕ никӕуыл хъуыды кӕнынц, стӕй мулк ӕмӕ кады тыххӕй кӕйфӕнды дӕр ауӕй кӕндзысты (Ромӕгтӕм 5:21; 7:17, 20, 23, 25).

2. Ацы фыддунейы зондахаст.

Ацы дунейы адӕм сты зыд ӕмӕ хиуарзон. Ахӕмты ’хсӕн цӕрай ӕмӕ уыдоны хуызӕн ма уай, уый зын у. Адӕм хиуарзон кӕй сты, уый тыххӕй бартӕм тырнынц. Уымӕй уӕлдай ма тынг бӕллынц, цӕмӕй сӕм ӕхца ӕмӕ мулк фагӕй фылдӕр уа. Ӕмӕ цӕмӕй уыцы фӕндтӕ сӕ къухы бафтой, уый тыххӕй, хъыгагӕн, цӕттӕ сты сайынмӕ дӕр. Ацы дунейы зондахасты ныхмӕ фӕлӕууыны бӕсты, уыдон дӕр бирӕтау «ӕвзӕрдзинады ’рдӕм... аздӕхтысты» (Рацыд 23:2).

3. Хӕйрӕг.

Хӕйрӕг, Хуыцауы ныхмӕ чи рацыд, уыцы зӕд, «зӕххыл ӕппӕт адӕмы дӕр... сайы» (Раргомад 12:9). Йӕ зӕрдӕмӕ цӕуы, адӕмы йӕ зондыл кӕй кӕны, уый. Хӕйрӕг пайда кӕны, иууылдӕр хорз цардмӕ кӕй бӕллынц, уымӕй, цӕмӕй сӕ сайыныл ӕмӕ мӕнгард хъуыддӕгтыл бафтауа.

Фӕлӕ, цымӕ, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ хъуамӕ ӕнӕмӕнгӕй Хӕйрӕджы коммӕ кӕсӕм? Ацы фарстайӕн дзуапп базондзыстӕм иннӕ статьяйӕ.