Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СӔЙРАГ ТЕМӔ | БИБЛИЙӔ ЦЫ ИС БАЗОНӔН?

Адӕм куыд фӕзындысты?

Адӕм куыд фӕзындысты?

Библийы фыццаг чиныг, Райдиан, тынг хуымӕтӕгӕй ӕмбарын кӕны, Дун-дуне куыд фӕзынд, уый: «Райдианы Хуыцау сфӕлдыста арв ӕмӕ зӕхх» (Райдиан 1:1). Хуыцау зайӕгойты ӕмӕ цӕрӕгойты куы сфӕлдыста, уӕд уый фӕстӕ сфӕлдыста фыццаг дыууӕ адӕймаджы, Адам ӕмӕ Евӕйы. Адӕм цӕрӕгойтӕй хицӕн кодтой, уымӕн ӕмӕ сӕ Хуыцау схайджын кодта, йӕхимӕ цы миниуджытӕ ис, уыдонӕй. Уымӕй уӕлдай ма сӕхицӕн сӕ бон уыди сӕрибарӕй уынаффӕтӕ хӕссын. Уӕдӕ сӕ хъуыддӕгты тыххӕй дзуапп хъуамӕ сӕхӕдӕг лӕвӕрдтаиккой. Хуыцауы ныхасмӕ куы хъуыстаиккой, уӕд сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ байзӕддӕгтӕ дӕр зӕххыл дзӕнӕты ӕнустӕм фӕрнӕй цардаиккой.

Фӕлӕ иу зӕд йӕ хиуарзон фӕндтӕ сӕххӕст кӕныны тыххӕй адӕмӕй спайда кодта. Афтӕмӕй сси Сайтан, ома «Ныхмӕлӕууӕг». Сайтан, кӕнӕ Хӕйрӕг, калмы уылты Евӕмӕ сдзырдта, ӕмӕ йӕ асайдта – загъта йын, ӕнӕ Хуыцауы разамындӕй йын хуыздӕр кӕй уыдзӕн. Адам ӕмӕ Евӕ йӕ ныхасмӕ байхъуыстой ӕмӕ се Сфӕлдисӕгӕй адард сты. Фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг афтӕ кӕй бакодтой, уый тыххӕй ӕнусон цардӕй ӕнӕхай фесты ӕмӕ уыдоны аххосӕй не ’ппӕт дӕр нӕ туджы рахастам тӕригъӕд, ӕнӕххӕстдзинад ӕмӕ мӕлӕт.

Уыцы хабар куыддӕр ӕрцыд, афтӕ Хуыцау загъта, хъуыддаг кӕй сраст кӕндзӕн ӕмӕ Адамы байзӕддӕгтӕн фадат кӕй уыдзӕн, цӕмӕй ӕнустӕм цӕрой. Хуыцау загъта, «байзӕддаг», ома бӕлвырд чидӕр, Хӕйрӕджы хъуыддӕгтӕ кӕй фехалдзӕн ӕмӕ, Хӕйрӕджы, стӕй Адам ӕмӕ Евӕйы аххосӕй цы хъизӕмӕрттӕ ӕвзарӕм, уыдонӕн сӕ кой дӕр кӕй фесафдзӕн (Райдиан 3:15). Чи хъуамӕ уыдаид уыцы «байзӕддаг»? Уый хъуамӕ рабӕрӕг уыдаид фӕстӕдӕр.

Уӕдӕй фӕстӕмӕ Хӕйрӕг ӕдзух архайы, цӕмӕй Хуыцауы хорз фӕнд фехала. Тӕригъӕд ӕмӕ фыдхъуыддӕгтӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кодтой. Хуыцау сфӕнд кодта фыдгӕнджыты Доны хъаймӕты фесафын. Ӕмӕ уӕд Нойӕн загъта, цӕмӕй сарӕзтаид нау – доны чи ленк кодтаид, ахӕм стыр асыкк, цӕмӕй фервӕзтаид йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ бинонтӕ дӕр, стӕй йын наумӕ бакӕнын кӕй бафӕдзӕхста, уыцы цӕрӕгойтӕ дӕр.

Доны хъаймӕт куы райдыдта, уымӕй иу аз куы рацыд, уӕд Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ науӕй рахызтысты, фыддзинад кӕуыл нал уыд, уыцы сыгъдӕг зӕхмӕ. Фӕлӕ уӕд «байзӕддаг» нӕма фӕзынд.

(Ацы хабӕрттӕ фыст сты Райдианы 1–11 сӕрты; Иудӕйы 6, 14, 15 стихты; Раргомады 12:9.)