Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ цӕмӕн цӕуынц?

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ цӕмӕн цӕуынц?

 Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бахӕс кодта, цӕмӕй «ӕппӕт адӕмтӕй дӕр цӕттӕ кӕной ахуыргӕнинӕгтӕ» (Матфейы 28:19, 20). Йӕ фыццаг ахуыргӕнинӕгты куы арвыста, уӕд сын загъта, цӕмӕй адӕммӕ сӕ хӕдзӕрттӕм цӕуой (Матфейы 10:7, 11–13). Йесойы мӕлӕты фӕстӕ фыццаг ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕ дарддӕр хорз хабар хъусын кодтой «адӕмы раз дӕр ӕмӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ дӕр» (Хъуыддӕгтӕ 5:42; 20:20). Мах дӕр сӕ фӕзмӕм, уымӕн ӕмӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусынгӕнгӕйӕ ис фылдӕр адӕмимӕ аныхас кӕнӕн.