Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СӔЙРАГ ТЕМӔ | БИРӔТӔН ХУЫЦАУЫ УАРЗЫН ЗЫН ЦӔМӔН У?

Бирӕтӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, Хуыцауы базонӕн нӕй

Бирӕтӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, Хуыцауы базонӕн нӕй

БИРӔТӔ КУЫД ХЪУЫДЫ КӔНЫНЦ?

Иу энциклопедийы фыст ис, зӕгъгӕ, чырыстон аргъуанты ахуырадмӕ гӕсгӕ Хуыцауӕн ис ӕртӕ цӕсгомы: Фыд, Фырт ӕмӕ Сыгъдӕг Уд. Уыцы аргъуантӕ амонынц, уыдон ӕртӕ хуыцауы кӕй не сты, фӕлӕ ӕртӕйӕ иумӕ кӕй сты иу хуыцау (The New Encyclopædia Britannica).

БИБЛИЙЫ ЦЫ ФЫСТ ИС?

Хуыцауы Фырт Йесо Чырысти йӕхи йӕ Фыды ӕмсӕр никуы кодта. Уый загъта: «Мӕ Фыдмӕ... цӕуын... уымӕн ӕмӕ мӕ Фыд мӕнӕй уӕлдӕр у» (Иоанны 14:28). Стӕй ма йӕ фӕдылдзӕуджытӕй иуӕн загъта: «Ӕз цӕуын мӕ Фыдмӕ ӕмӕ уӕ Фыдмӕ, мӕ Хуыцаумӕ ӕмӕ уӕ Хуыцаумӕ» (Иоанны 20:17).

Сыгъдӕг Уд, кӕнӕ сыгъдӕг тых, хуыцау нӕу. Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ «Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй схайджын сты», стӕй Йегъовӕ дӕр загъта: «Ӕз мӕ тых ӕруадздзынӕн алыхуызон адӕймӕгтыл» (Хъуыддӕгтӕ 2:1–4, 17). Сыгъдӕг Уд Троицӕйы хай нӕу. Уый у Хуыцауы архайгӕ тых.

УЫЙ ЗОНЫН ЦӔМӔН ХЪӔУЫ?

Католикон диниртасджытӕ Карл Ранер ӕмӕ Герберт Форгримлер ӕмбарын кӕнынц, зӕгъгӕ, Троицӕ цы у, уый «бамбарӕн нӕй, куы нӕ дын раргом уа, уӕд. Стӕй дын куы раргом уа, уӕддӕр ӕй кӕронмӕ нӕй бамбарӕн». Цымӕ базонӕн ӕмӕ бамбарӕн кӕй нӕй, уый уарзӕн ис? Уӕдӕ Хуыцау Троицӕ у, зӕгъгӕ, уыцы ахуырад адӕймагӕн Хуыцауы базонынӕн ӕмӕ бауарзынӕн у къуылымпыйы хос.

Марко, фыццаг статьяйы кӕй кой кодтам, уыцы нӕлгоймаг дӕр разы у уыимӕ. Марко загъта: «Раздӕр хъуыды кодтон, Хуыцау мӕ йӕхи кӕй ӕмбӕхсы, ӕмӕ мӕм уый тыххӕй афтӕ каст, ӕмӕ йӕм никуы баввахс уыдзынӕн ӕмӕ йӕ никуы базондзынӕн». Фӕлӕ Библи зӕгъы, зӕгъгӕ, Хуыцау «махӕй алкӕмӕй дӕр дард нӕу» (Хъуыддӕгтӕ 17:27). Хуыцау нӕ не ’мбӕхсы, цавӕр Хуыцау у, уый. Фӕнды йӕ, цӕмӕй йӕ базонӕм. Чырысти загъта: «Мах зонӕм, цӕмӕн кувӕм, уый» (Иоанны 4:22).

«Хуыцау Троицӕ кӕй нӕу, уый куы базыдтон, уӕд ӕм баввахс дӕн»,– загъта Марко. Уӕдӕ нын Йегъовӕйы уарзын ӕнцондӕр уыдзӕн, нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уый гӕнӕн кӕй ис, цӕмӕй йӕ базонӕм ӕмӕ йӕм баввахс уӕм. Библийы фыст ис: «Чи нӕ уарзы, уый та Хуыцауы нӕ базыдта, уымӕн ӕмӕ Хуыцау у уарзондзинад» (1 Иоанны 4:8).