Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

БИНОНТЫ АМОНД ЦӔМӔЙ КӔНГӔ У

Уӕ сывӕллӕттимӕ хыл ныхас ма кӕнут

Уӕ сывӕллӕттимӕ хыл ныхас ма кӕнут

«Мӕ чызгыл 14 азы куы цыд, уӕд мӕм фӕстӕмӕ дзурын райдыдта. Афтӕ йын-иу куы загътон, рацу бахӕр, зӕгъгӕ, уӕд-иу загъта: „Куы мӕ хъӕуа, уӕд бахӕрдзынӕн“. Куы-иу ӕй афарстон, цы дын загътон, уый сарӕзтай, зӕгъгӕ, уӕд та-иу афтӕ фӕкодта: „Ныууадз-ма мӕ!“ Бирӕ хӕттыты-иу хыл дӕр фестӕм» (МАКИ *, ЯПОНИ).

Чи зоны, дӕуӕн дӕр ис, рӕзгӕ кары чи ис, ахӕм сывӕллон. Ӕмӕ йӕ уӕд, ӕвӕццӕгӕн, зоныс, ӕппӕты зындӕр кӕй вӕййы, уе ’хсӕн быцӕу куы рауайы, уый. Ахӕм уавӕры фӕхъӕуы бирӕфӕразондзинад. Йӕ чызгыл 14 азы кӕмӕн цӕуы, иу ахӕм сылгоймаг Бразилийӕ, Марийӕ, зӕгъгӕ, загъта: «Мӕ чызг мӕм куы нӕ фӕхъусы, уӕд фырмӕстӕй рафыцын. Кӕрӕдзимӕ афтӕ смӕсты вӕййӕм, ӕмӕ хъӕр кӕнын райдайӕм». Кармелӕ дӕр, иу сылгоймаг Италийӕ, ахӕм уавӕры ис. Кармелӕ загъта: «Мӕ лӕппуимӕ ӕдзух хыл кӕнӕм. Нӕ хылтӕ та фӕвӕййынц уымӕй, ӕмӕ йӕ уатмӕ бацӕуы, ӕмӕ йӕхиуыл дуар сӕхгӕны».

Сывӕллӕттӕ сӕ рӕзгӕ кары куы вӕййынц, уӕд сӕ ныййарджыты коммӕ цӕуылнӕуал фӕкӕсынц? Мыййаг сыл се ’мгӕртты зондахаст фӕзыны? Гӕнӕн ис. Библи зӕгъы, зӕгъгӕ, адӕймаг йӕ рӕстӕг арӕх кӕимӕ фервиты, уыдоны зондахаст ыл кӕнӕ хуыздӕрырдӕм, кӕнӕ ӕвзӕрырдӕм фӕзыны (Ӕмбисӕндтӕ 13:20; 1 Коринфӕгтӕм 15:33). Стӕй ма абон ӕрыгӕттӕн цы хиирхӕфсӕнтӕ ис, уыдоны хивӕнд зондахаст ӕмӕ, ӕрыгӕттӕ кӕрӕдзийӕн кӕй нӕ аргъ кӕнынц, уый афтӕ ӕвдыст цӕуы, цыма уым ӕвзӕрӕй ницы ис.

Фӕлӕ ма ахъуыды кӕнын хъӕуы ӕндӕр хъуыддӕгтыл дӕр – уыцы хъуыддӕгтӕ сыл куыд фӕзынынц, уый куы ӕмбарат, уӕд уын семӕ ныхас кӕнын ӕнцондӕр уыдзӕн. Ӕркӕсӕм дзы цалдӕрмӕ.

«АРФ ХЪУЫДЫ КӔНЫН» РАЙДАЙЫНЦ

Апостол Павел ныффыста: «Ӕз саби куы уыдтӕн, уӕд кодтон сабийы ныхӕстӕ, мӕ зонд дӕр уыди сабийы зонд, хъуыды кодтон сабийау, фӕлӕ куы слӕг дӕн, уӕд сывӕллоны митӕ ныууагътон» (1 Коринфӕгтӕм 13:11). Павелы ныхӕстӕй куыд зыны, афтӕмӕй сывӕллӕттӕ ӕмӕ стыртӕ иухуызон нӕ хъуыды кӕнынц. Цӕуылнӕ?

Сывӕллӕттӕн алцыдӕр хъуамӕ уа бӕлвырд – цыдӕр сӕм кӕнӕ раст кӕсы, кӕнӕ нӕ. Уыдонӕй уӕлдай стыртӕн сӕ бон у ӕмбарын, бынтон бӕлвырд чи нӕ вӕййы, ахӕм хъуыддӕгтӕ. Стӕй сӕ исты хатдзӕг скӕнын кӕнӕ сӕ исты уынаффӕ рахӕссын куы фӕхъӕуы, уӕд алцӕуылдӕр арфдӕр фӕхъуыды кӕнынц. Зӕгъӕм, стыртӕ арӕхдӕр фӕхъуыды кӕнынц, цавӕрдӕр хъуыддаг ӕгъдау ӕмӕ ӕфсармимӕ куыд баст у, стӕй сӕ митӕ иннӕтыл куыд фӕзындзысты, ууыл. Уыдон сахуыр вӕййынц уыдӕттыл хъуыды кӕнын. Сывӕллӕтты та ууыл нырма ахуыр кӕнын фӕхъӕуы.

Библи ӕрыгӕттӕн дзуры, цӕмӕй «хъуыды кӕнын» ахуыр кӕной (Ӕмбисӕндтӕ 1:4). Ӕмӕ уый ӕрмӕст ӕрыгӕттӕм нӕ хауы. Хуыцауы Ныхас чырыстӕттӕм се ’ппӕтмӕ дӕр сиды, цӕмӕй «арф хъуыды кӕной» (Ромӕгтӕм 12:1, 2; Дзуттӕгтӕм 5:14). Фӕлӕ уӕ сывӕллон стыр адӕймагау хъуыды кӕнын кӕй нӕма сахуыр, уый тыххӕй-иу, чи зоны, иуӕй-иу хатт гыццыл хъуыддӕгты фӕдыл дӕр уемӕ фӕбыцӕу уа. Кӕнӕ та йӕ ныхӕстӕй бӕрӕг уа, хъуыддаг раст кӕй не ’мбары, уый (Ӕмбисӕндтӕ 14:12). Хыл кӕныны бӕсты дӕ бон куыд у йемӕ афтӕ аныхас кӕнын, цӕмӕй йын цы зӕгъынмӕ хъавыс, уый бамбара?

УЫНАФФӔ. Рох ма кӕн, уӕ сывӕллон стыр адӕймагау хъуыды кӕныныл кӕй архайы, ӕмӕ, цы фӕзӕгъы, уый ууыл дзурӕг кӕй нӕу, ӕмӕ хъуыды дӕр ӕцӕгдӕр афтӕ кӕны. Цӕмӕй уӕ сывӕллоны зондахаст бамбарай, уый тыххӕй уал дзы фыццаг раппӕл, хъуыды кӕнын кӕй зоны, уый тыххӕй. («Кӕд, цы дзурыс, уыдӕттӕй алцӕимӕ разы нӕ дӕн, уӕддӕр, куыд хъуыды кӕныс, уый мӕ зӕрдӕмӕ цӕуы».) Уый фӕстӕ йын баххуыс кӕн йӕ ныхӕстыл ахъуыды кӕнынӕн. («Куыд дӕм кӕсы, ныр цы загътай, афтӕ хъуыды кӕнын алы уавӕры дӕр раст уыдзӕн?») Гӕнӕн ис, уӕ сывӕллон йӕ зондахаст афтӕ аива, ӕмӕ дӕм диссаг дӕр фӕкӕса.

Хи хизын цӕмӕй хъӕуы: дӕ сывӕллонимӕ куы ныхас кӕнай, уӕд афтӕ ма хъуыды кӕн, ӕмӕ йын цыфӕндыйӕ дӕр хъуамӕ бамбарын кӕнай, ды раст кӕй дӕ. Кӕд дӕм афтӕ кӕса, ӕмӕ дӕ ныхӕстӕ йӕ иу хъусы батахтысты ӕмӕ иннӕйӕ ратахтысты, уӕддӕр дӕ сывӕллон дӕ ныхасӕй, куыд ӕнхъӕл дӕ, уымӕй, чи зоны, фылдӕр бамбара, кӕд ыл нӕ басӕтта, уӕд дӕр. Стӕй-иу дӕм уый диссаг ма фӕкӕсӕд, цалдӕр боны фӕстӕ уый дӕр дӕу хуызӕн хъуыды кӕнын куы райдайа, ӕмӕ ма дзургӕ дӕр куы кӕна, зӕгъгӕ, ӕз афтӕ хъуыды кодтон.

«Иуӕй-иу хатт-иу мӕ фыртимӕ фӕбыцӕу стӕм гыццыл хъуыддӕгты тыххӕй, зӕгъӕм, фӕстауӕрц кӕнын кӕй нӕ зыдта кӕнӕ-иу йӕ хойы мӕстӕй кӕй мардта, уый тыххӕй. Фӕлӕ-иу мӕм арӕхдӕр афтӕ каст, кӕй йӕ фӕндыд, цӕмӕй йӕ йӕ хъуыдыйӕ бафарстаин ӕмӕ йын загътаин: „Ӕмбарын ӕй, афтӕ цӕмӕн хъуыды кӕныс“. Йемӕ-иу афтӕ куы ныхас кодтаин, уӕд-иу, ӕвӕццӕгӕн, арӕх нӕ быцӕу кодтаиккам» (Кэндзи, Япони).

ФӔЗЫНЫ СЫН СӔХИ ХЪУЫДЫ

Ӕмбаргӕ ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттимӕ афтӕ фӕныхас кӕнынц, цӕмӕй сын сӕ хъуыдытӕ дзурой

Рӕзгӕ кары чи ис, уыдоны хъомыл кӕнгӕйӕ ӕппӕты ахсджиагдӕр вӕййы, цӕмӕй сӕ бацӕттӕ кӕнат, сӕ бон сӕ хӕдзар ныууадзын ӕмӕ сӕ хъуыддӕгты тыххӕй сӕ бон дзуапп дӕттын кӕд уыдзӕн, уыцы рӕстӕгмӕ (Райдиан 2:24). Уыцы рӕстӕг ма бындур ӕвӕрд ӕрцӕуы, сывӕллонӕй цавӕр адӕймаг рауайдзӕн, цӕуыл ӕууӕнддзӕн ӕмӕ йын царды ахсджиагдӕр цы уыдзӕн, уыдӕттӕн. Сывӕллон ӕмбарын куы райдайа, цавӕр адӕймаг ӕй фӕнды, цӕмӕй суа, уӕд ын исчи исты ӕвзӕр хъуыддаг куы аразын кӕна, уӕд ӕрмӕст ууыл нӕ хъуыды кӕндзӕн, уыцы хъуыддаг ӕй цӕмӕ ’ркӕндзӕн. Фӕлӕ ма ахъуыды кӕндзӕн ахӕм фарстатыл: «Цавӕр адӕймаг дӕн? Царды мын ӕппӕты ахсджиагдӕр цы у? Цардмӕ ӕз цы цӕстӕй кӕсын, уыцы цӕстӕй йӕм чи кӕсы, ахӕм адӕймаг мӕ бынаты куыд бакӕнид?» (2 Петры 3:11).

Библийы фыст ис иу ӕрыгон лӕппу Иосифы тыххӕй. Иосиф уыд хӕрзӕгъдау адӕймаг. Потифары ус ын куы дзырдта, цӕмӕй йемӕ ӕмуат ӕрцыдаид, уӕд ын загъта: «Куыд хъуамӕ бакӕнон ахӕм фыддзинад ӕмӕ Хуыцауы раз тӕригъӕд куыд хъуамӕ саразон?» (Райдиан 39:9). Кӕд уыцы рӕстӕг Хуыцау израилӕгтӕн хӕтындзинады тыххӕй закъон нӕма радта, уӕддӕр Иосиф ӕмбӕрста, Хуыцау уыцы хъуыддагмӕ цы цӕстӕй каст, уый. Уымӕй уӕлдай йӕ ныхӕстӕй, «куыд хъуамӕ бакӕнон», зӕгъгӕ, бӕрӕг у, уый дӕр уыцы хъуыддагмӕ Хуыцауы цӕстӕй кӕй каст (Ефесӕгтӕм 5:1).

Уӕ сывӕллоны удыхъӕды дӕр ныр фидар кӕнынц цавӕрдӕр миниуджытӕ. Уый хорз у, уымӕн ӕмӕ цы хъуыдыйыл хӕст у, уый йын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йе ’мгӕртты ӕвзӕр зондыл ма ацӕуа ӕмӕ сӕ ныхмӕ фидар фӕлӕууа (Ӕмбисӕндтӕ 1:10–15). Иннӕмӕй та йын йӕхи хъуыды кӕй ис, уый тыххӕй-иу, чи зоны, дӕ ныхасыл дӕр ма разы кӕна. Ахӕм уавӕры дӕ бон цы уаид саразын?

УЫНАФФӔ. Хыл кӕныны бӕсты йын зӕгъ, цӕмӕй йӕ хъуыды ӕндӕр ныхӕстӕй бамбарын кӕна. («Раст дӕ бамбӕрстон? Афтӕ зӕгъыс, ӕмӕ...».) Стӕй йӕм фарстатӕ ратт. («Афтӕ дӕм цӕмӕн кӕсы?» кӕнӕ «Ахӕм хъуыдымӕ цӕмӕн ӕрцыдтӕ?») Бацархай, цӕмӕй, йӕ зӕрдӕйы цы ис, уый базонай. Бауадз ӕй, цы хъуыды кӕны, уый зӕгъын. Кӕд дзырд, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, ууыл нӕ цӕуы, фӕлӕ кӕмӕ куыд растдӕр кӕсы, ууыл, уӕд ын бамбарын кӕн, йӕ хъуыдыйӕн ын кӕй аргъ кӕныс – кӕд дӕм бынтон раст нӕ кӕсы, уӕддӕр.

Адӕймагӕн йӕхи хъуыды кӕй фӕзыны, уым диссагӕй ницы ис – уӕвгӕ, хъуамӕ ӕнӕуи дӕр афтӕ уа, стӕй ма уый пайда дӕр у. Библи дӕр афтӕ зӕгъы, ӕмӕ чырыстӕттӕ хъуамӕ гыццыл сывӕллӕтты хуызӕн ма уой, цыма сӕ «уылӕнтӕ раппар-баппар кӕнынц, афтӕ дыууӕрдӕм мауал кӕной ӕмӕ сӕ алыхуызон ахуырӕдты дымгӕтӕ куы иуырдӕм, куы иннӕрдӕм мауал рахӕсс-бахӕсс кӕной» (Ефесӕгтӕм 4:14). Уӕдӕ уӕ сывӕллӕтты бауадзут, стӕй сӕ разӕнгард дӕр кӕнут, цӕмӕй сын сӕхи хъуыды фӕзына ӕмӕ фидар удыхъӕды хицау уой.

«Мӕ чызджытӕ куы фӕуынынц, байхъусынмӕ сӕм цӕттӕ кӕй вӕййын, уӕд мӕм уыдон дӕр хуыздӕр байхъусынц, мемӕ разы куы нӕ вӕййынц, уӕддӕр. Архайын, цӕмӕй сӕ тыхӕй мӕхи зондыл ма кӕнон, фӕлӕ сын бар дӕттын, цӕмӕй сын сӕхи хъуыды уа» (Иванӕ, Чехы Республикӕ).

ФИДАР, ФӔЛӔ ӔМБАРГӔ

Рӕзгӕ кары чи ис, уыдонӕй иуӕй-иутӕ афтӕ сахуыр сты, ӕмӕ сӕ исты куы фӕхъӕуы, уӕд гыццыл сывӕллӕттау сӕ ныййарджыты иуран нал фӕуадзынц. Кӕд уӕ сывӕллон дӕр афтӕ кӕны, уӕд къӕрцхъус ут. Сӕ коммӕ куы бакӕсат, уӕд уӕ кӕд иу гыццыл иуран ныууадзой, уӕддӕр хъуыды кӕндзысты, хылы фӕрцы-иу сӕ фӕнд сӕ къухы кӕй бафтдзӕн. Уӕдӕ цы ис саразӕн? Йесо радта хорз уынаффӕ: «„О“ загътат, уӕд уӕ ныхас уӕд „о“, „нӕ“ загътат, уӕд та – „нӕ“» (Матфейы 5:37). Фидар куы уат, уӕд арӕх нал хыл кӕндзыстут.

Фӕлӕ ма уымӕй уӕлдай хъуамӕ уат ӕмбаргӕ. Зӕгъӕм, уӕ сывӕллонӕн зӕгъут, цӕмӕй уын бамбарын кӕна, афтӕ йӕм цӕмӕн кӕсы, ӕмӕ йӕ бон кӕй у хӕдзармӕ, цафон ын загътат, уымӕй фӕстӕдӕр цӕуын. Йемӕ куы ныхас кӕнат, уӕд-иу ууыл ма архайут, цӕмӕй йӕ басӕттат, фӕлӕ-иу уӕ зӕрдыл дарут Библийы уынаффӕ: «Уе ’мбаргӕдзинадӕй уӕ зонӕд алчидӕр» (Филиппӕгтӕм 4:5).

УЫНАФФӔ. Уӕ бинонтимӕ аныхас кӕнут, сывӕллон-иу хӕдзармӕ изӕры цафон хъуамӕ ӕрбацӕуа ӕмӕ ма уӕ бинонтӕм ноджыдӕр цавӕр ӕгъдӕуттӕ ис, уыдӕттыл. Бӕрӕг уӕд, уынаффӕ рахӕссыны размӕ цӕттӕ кӕй стут уӕ сывӕллонмӕ байхъусынмӕ ӕмӕ алцӕуылдӕр ахъуыды кӕнынмӕ. «Сывӕллӕттӕ хъуамӕ уыной, сӕ ныййарджытӕ сын „нӕ“ кӕй нӕ зӕгъдзысты, цы курынц, уый Библийы уагӕвӕрды ныхмӕ куы нӕ уа, уӕд»,– зӕгъы Роберто, сывӕллӕттӕ кӕмӕн ис, иу ахӕм нӕлгоймаг Бразилийӕ.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕххӕст ныййарӕг нӕй. Библийы фыст ис: «Мах не ’ппӕт дӕр арӕх рӕдийӕм» (Иаковы 3:2). Кӕд дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ, уӕ ныхас быцӕумӕ кӕй ахызт, уым дӕу аххос дӕр ис, уӕд сывӕллонӕй хатыр ракур. Дӕ рӕдыдыл кӕй сӕттыс, уый йын ууыл дзурӕг уыдзӕн, сӕрныллӕг кӕй дӕ, ӕмӕ йын фӕзминаг уыдзынӕ.

«Иухатт мӕ фыртимӕ фӕхыл дӕн, фӕлӕ куы ’рсабыр дӕн, уӕд дзы хатыр ракуырдтон, мӕхиуыл фӕхӕцын мӕ бон кӕй нӕ баци, уый тыххӕй. Уӕд уый дӕр ӕрсабыр ӕмӕ йын ӕнцондӕр уыд мӕнмӕ хъусын» (Кэндзи, Япони).

^ 3 абз. Ацы статьяйы нӕмттӕ ивд сты.

АХЪУЫДЫ КӔН...

  • Мӕ сывӕллонимӕ кӕй фӕхыл кӕнӕм, уым, цымӕ, мӕ аххосӕй цы ис?

  • Ацы статьяйы цы хъуыдытӕ ис, уыдон мын куыд баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй мӕ сывӕллоны хуыздӕр ӕмбарон?

  • Мӕ бон куыд у мӕ сывӕллонимӕ афтӕ ныхас кӕнын, цӕмӕй-иу нӕ ныхас хылмӕ ма ахиза?