Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

БИБЛИ ИВЫ АДӔЙМАДЖЫ ЦАРД

Библи мын мӕ «дойны басаста»

Библи мын мӕ «дойны басаста»
  • РАЙГУЫРД: 1987 АЗ

  • БӔСТӔ: АЗЕРБАЙДЖАН

  • РАЗДӔР: ЙӔ ФЫД УЫД ПЫСЫЛМОН, ЙӔ МАД ТА – ДЗУТТАГ

МӔ РАЗДӔРЫ ЦАРД.

Ӕз райгуырдтӕн Бакуйы, Азербайджаны. Уыдтӕн дыккаг сывӕллон. Мӕ фыд уыд пысылмон, мӕ мад та – дзуттаг. Мӕ ныййарджытӕ кӕрӕдзийы уарзтой ӕмӕ кӕрӕдзийы динӕн аргъ кодтой. Мӕ фыд-иу Рамаданы мӕйы ком куы дардта, уӕд-иу ын мӕ мад ӕххуыс кодта, мӕ мад-иу Куадзӕн куы бӕрӕг кодта, уӕд та-иу ын мӕ фыд ӕххуыс кодта. Хӕдзары нӕм уыд Хъуыран, Торӕ ӕмӕ Библи.

Ӕз мӕхи пысылмоныл нымадтон. Хуыцау кӕй ис, ууыл никуы дызӕрдыг кодтон, фӕлӕ цыдӕр хъуыддӕгтӕ кӕронмӕ не ’мбӕрстон. Зӕгъӕм: «Хуыцау адӕмы цӕмӕн сфӕлдыста? Ӕмӕ чидӕртӕ цард-цӕрӕнбонты цӕй тыххӕй хъуамӕ хъизӕмар кӕной зындоны арты?» Кӕд-иу чидӕртӕ дзырдтой, зӕгъгӕ, алцыдӕр Хуыцауы фӕндӕй цӕуы, уӕд мӕнмӕ ӕвзӕрди фарста: «Цымӕ Хуыцау адӕмӕй хъазӕнхъултау хъазы ӕмӕ йын сӕ хъизӕмӕрттӕм кӕсын циндзинад хӕссы?»

12 азы мыл куы цыди, уӕд ламаз кӕнын райдыдтон – пысылмӕттӕм куыд ӕмбӕлы, афтӕ бон фондз хатты куывтон. Уыцы рӕстӕг мӕ фыд мӕн ӕмӕ мӕ хойы бакодта дзуттаг скъоламӕ. Иннӕ предметтӕй уӕлдай ма уым ахуыр кодтам дзуттӕгты закъон ӕмӕ дзуттаг ӕвзаг. Урочы размӕ-иу дзуттаг ӕгъдаумӕ гӕсгӕ скуывтам. Райсомӕй-иу ламаз скодтон хӕдзары, бонӕй та-иу скъолайы дзуттӕгтимӕ куывтон.

Мӕ фарстатӕн зӕрдиагӕй дзуапп агуырдтон, фӕлӕ дзӕгъӕлы. Скъолайы раввинты иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ бафарстон: «Хуыцау адӕмы цӕмӕн сфӕлдыста? Хуыцау цы цӕстӕй кӕсы, мӕ фыд пысылмон кӕй у, уымӕ? Хорз адӕймаг куы у, уӕд сыгъдӕгыл нымад цӕуылнӕ у? Хуыцау ӕй цӕмӕн сфӕлдыста?» Цалдӕр хатты мын дзуапп радтой, фӕлӕ уыцы дзуаппытӕ уыдысты зын бамбарӕн ӕмӕ зын баууӕндӕн.

БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД ФӔИВТА.

2002 азы Хуыцауыл бынтондӕр нал ӕууӕндыдтӕн. Мах Германимӕ цӕрынмӕ алыгъдыстӕм. Иу къуыри йеддӕмӕ нӕ рацыд, афтӕ мӕ фыдӕн уыди инсульт ӕмӕ комӕйы ныххаудта. Бирӕ азты дӕргъы ӕз Хуыцаумӕ куывтон, цӕмӕй мӕ бинонтӕ ӕнӕниз ӕмӕ ӕнӕмаст уыдаиккой. Мӕн фидарӕй уырныдта, цард дӕр ӕмӕ мӕлӕт дӕр Хуыцауы къухы кӕй сты. Ӕмӕ йын алы бон дӕр лӕгъстӕ кодтон, цӕмӕй мын мӕ фыды аирвӕзын кодтаид. Мӕхицӕн афтӕ хъуыды кодтон: «Цас диссаг у, ӕмӕ Хуыцау гыццыл чызджы зӕрдиаг курдиат сӕххӕст кӕна». Мӕ лӕгъстӕтӕ мын кӕй фехъусдзӕн, ууыл дызӕрдыг нӕ кодтон. Фӕлӕ мӕ фыд уӕддӕр амард.

Афтӕ мӕм касти, ӕмӕ Хуыцау дурзӕрдӕ у. Мӕ ныфс бынтондӕр асасти. Хъуыдытӕ кодтон: «Кӕнӕ Хуыцаумӕ раст нӕ кувын, кӕнӕ Хуыцау нӕй». Цыма мӕ исчи кардӕй барӕхуыста, афтӕ фӕдӕн, ӕмӕ ламаз дӕр нал кодтон. Иннӕ динтӕ та мӕ не ’ндӕвтой, ӕмӕ мӕхицӕн загътон, зӕгъгӕ, Хуыцау нӕй.

Ӕхсӕз мӕйы фӕстӕ нын нӕ дуар ӕрбахостой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Чырыстон дин нӕм нымады дӕр кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ мӕ хоимӕ сфӕнд кодтам, цӕмӕй сын уӕзданӕй бамбарын кодтаиккам, раст кӕй не сты. Ӕмӕ сӕ бафарстам: «Чырыстӕттӕ Йесойӕн, крестӕн, Марийӕйӕн ӕмӕ ӕндӕр гуымирытӕн куыд кувынц, кӕд ӕмӕ уый Дӕс фӕдзӕхсты ныхмӕ у?» Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ нын Библийӕ фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕрхастой, ӕцӕг чырыстӕттӕн гуымирытӕн кувын кӕй не ’мбӕлы ӕмӕ кувын ӕрмӕстдӕр Хуыцаумӕ кӕй хъӕуы. Уый мӕ дисы бафтыдта.

Уый фӕстӕ ма сӕ бафарстам: «Троицӕйы тыххӕй та цы зӕгъдзыстут? Кӕд Йесо Хуыцау у, уӕд зӕххыл куыд хъуамӕ цардаид ӕмӕ йӕ адӕм куыд хъуамӕ амардтаиккой?» Ӕмӕ та нын дзуапп радтой Библийӕ ӕмӕ нын бамбарын кодтой, Йесо Хуыцау кӕй нӕу ӕмӕ йе ’мсӕр дӕр кӕй нӕу. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ нын бамбарын кодтой, уыдон дӕр раст уый тыххӕй кӕй не ’ууӕндынц Троицӕйыл. Дисӕй сыл мардтӕн ӕмӕ ахъуыды кодтон: «Адон цыдӕр ӕнахуыр чырыстӕттӕ сты!»

Фӕлӕ мӕ уӕддӕр фӕндыд базонын, адӕм цӕмӕн мӕлынц ӕмӕ сын Хуыцау сӕ хъизӕмӕрттӕм ӕнцад цӕмӕн кӕсы. Ӕвдисӕнтӕ мын равдыстой чиныг «Ӕнусон цардмӕ кӕнӕг базонынад» *. Уым цалдӕр сӕры мӕ фарстатӕн дзуапп лӕвӕрд цыди. Афтӕмӕй мемӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтой.

Алы ахуыры рӕстӕг дӕр-иу мӕ фарстатӕн Библийӕ бӕлвырд дзуапп ссардтон. Базыдтон, Хуыцауы ном Йегъовӕ кӕй у (Псалом 83:18). Стӕй ма базыдтон, йӕ сӕйраг миниуӕг удуӕлдай уарзондзинад кӕй у, уый дӕр (1 Иоанны 4:8). Хуыцау адӕмы уый тыххӕй сфӕлдыста, цӕмӕй сын цард циндзинад хастаид. Кӕд Хуыцау бар дӕтты, цӕмӕй зӕххыл ӕнӕраст хъуыддӕгтӕ цӕуа, уӕддӕр сӕ йе сӕфт уыны ӕмӕ сын тагъд ӕнустӕм кӕрон скӕндзӕн. Базыдтон-ма, Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцауы ныхмӕ кӕй рацыдысты, уый адӕмӕн зиан кӕй ӕрхаста (Ромӕгтӕм 5:12). Се ’гоммӕгӕсдзинад цы фыдбылызтӕм ӕркодта, уыдонӕй иу у мӕлӕт. Мӕлӕт нын байсы нӕ уарзон адӕмы, мӕ фыды мын куыд байста, афтӕ. Фӕлӕ Хуыцау тагъд ног дунейы уыцы хъуыддӕгтӕ сраст кӕндзӕн – чи амард, уыдоны райгас кӕндзӕн (Хъуыддӕгтӕ 24:15).

Библи мын мӕ «дойны басаста». Хуыцауыл та ногӕй ӕууӕндын райдыдтон. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты хуыздӕр куы базыдтон, уӕд ӕй федтон, ӕгас дунейы дӕр хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртау кӕй цӕрынц. Мӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд, кӕрӕдзийы кӕй уарзынц ӕмӕ се ’хсӕн иудзинад кӕй ис, уый (Иоанны 13:34, 35). Йегъовӕ цавӕр Хуыцау у, уый куы базыдтон, уӕд мӕ бафӕндыд, цӕмӕй йын лӕггад кӕнон, ӕмӕ мӕхицӕн загътон, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй суыдзынӕн. Донаргъуыд райстон 2005 азы 8 январы.

АБОН МӔ ЦАРДӔЙ РАЙГОНД ДӔН.

Библийы цы фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис, уыдоны фӕрцы цардмӕ хуыздӕр цӕстӕй кӕсын райдыдтон. Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, ууыл баууӕндыдтӕн ӕмӕ мӕ зӕрдӕйы ӕрцарди фарн. Хуыцауы Ныхасы фыст ис, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты. Мӕ фыды та ногӕй кӕй фендзынӕн, уый мын у цин ӕмӕ ныфсы хос (Иоанны 5:28, 29).

Ӕхсӕз азы размӕ мӕ цард баиу кодтон Джонатанимӕ. Уый Хуыцауыл тынг ӕнувыд у ӕмӕ йемӕ амондджын дӕн. Нӕ дыууӕ дӕр базыдтам, Хуыцауы тыххӕй рӕстдзинад кӕй у хуымӕтӕг ӕмӕ ӕнцонӕмбарӕн, фӕлӕ ма уыимӕ у, аргъ кӕмӕн нӕй, ахӕм хӕзна. Уымӕ гӕсгӕ, нӕ уырнындзинады ӕмӕ нӕ диссаджы ныфсы тыххӕй иннӕтӕн кӕй дзурӕм, уымӕн тынг аргъ кӕнӕм. Ныр ӕй зонын, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ «ӕнахуыр» нӕ, фӕлӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ кӕй сты.

^ 15 абз. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ; ныр мыхуыры нал цӕуы.