Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

87 СӔРГОНД

Йесо Куадзӕн фӕстаг хатт сбӕрӕг кодта

Йесо Куадзӕн фӕстаг хатт сбӕрӕг кодта

Дзуттӕгтӕ Куадзӕн алы аз дӕр бӕрӕг кодтой, нисан чи хуыйны, уыцы мӕйы цыппӕрдӕсӕм бон. Уыцы бӕрӕгбон сын сӕ зӕрдыл лӕууын кодта, Йегъовӕ сӕ Египеты цагъарадӕй куыд фервӕзын кодта ӕмӕ сӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ куыд бакодта, уый. Нӕ эрӕйы 33 азы Йесо ӕмӕ йӕ апостолтӕ Иерусалимы иу хӕдзары уӕллаг уаты ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй Куадзӕн сбӕрӕг кодтаиккой. Куы йӕ сбӕрӕг кодтой, уӕд сын Йесо загъта: «Сымахӕй мӕ иу ауӕй кӕндзӕн». Апостолтӕ дисы ныххаудысты, ӕмӕ йӕ бафарстой: «Уыцы адӕймаг чи у?» Йесо сын загъта: «Ацы дзулӕй кӕмӕн раттон, уый». Стӕй дзулы карст Иудӕ Искариотмӕ радта. Уӕд Иудӕ фестад ӕмӕ уырдыгӕй ацыд.

Уый фӕстӕ Йесо Хуыцаумӕ скуывта, дзул ӕрсаста, йӕ 11 апостолмӕ йӕ алӕвӕрдта ӕмӕ загъта: «Айсут ӕмӕ хӕрут. Ацы дзул нысан кӕны мӕ буар. Ӕз ӕй дӕттын сымах тыххӕй». Стӕй та райста сӕны къус, Хуыцаумӕ скуывта, йӕ апостолтӕм ӕй алӕвӕрдта ӕмӕ загъта: «Бануазут дзы. Ацы сӕн нысан кӕны мӕ туг, ӕмӕ ныккӕлдзӕн бирӕты тыххӕй, цӕмӕй сын Хуыцау сӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кӕна. Ӕз уын дзырд дӕттын, мемӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ кӕй уыдзыстут. Алы аз дӕр ацы бон бӕрӕг кӕнут мӕн ӕрымысыны тыххӕй». Нӕ рӕстӕджы дӕр Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ алы аз дӕр ӕрӕмбырд вӕййынц, цӕмӕй-иу уыцы хабар сбӕрӕг кӕной. Уыцы бӕрӕгбон абон хуыйны Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр.

Уыцы хабар куы сбӕрӕг кодтой, уӕд апостолтӕ быцӕу кӕнын райдыдтой, уӕлдӕр сӕ чи у, ууыл. Фӕлӕ сын Йесо загъта: «Уе ’хсӕн уӕлдӕр у, йӕхи иннӕты раз кӕстӕрыл чи нымайы ӕмӕ иннӕтӕн чи лӕггад кӕны, уый».

Йесо дарддӕр загъта: «Сымах стут ме ’мбӕлттӕ. Ӕмӕ уын ӕз дзурын, мӕ Фыд мын цы загъта, уый. Тагъд мӕ Фыдмӕ уӕлӕрвтӕм ацӕудзынӕн, сымах та ам баззайдзыстут. Ӕмӕ мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уый адӕм уымӕй базондзысты, ӕмӕ уӕ кӕрӕдзи куы уарзат. Уӕ кӕрӕдзи хъуамӕ уарзат, ӕз уӕ куыд уарзын, афтӕ».

Фӕстагмӕ Йесо Йегъовӕмӕ скуывта, цӕмӕй йын йӕ ахуыргӕнинӕгты се ’ппӕты дӕр хъахъхъӕна. Ноджыдӕр ма дзы ракуырдта, цӕмӕй се ’хсӕн иудзинад уа. Стӕй ма Йегъовӕмӕ скуывта, цӕмӕй йӕ ном срухс уа. Уый фӕстӕ ма Йесо ӕмӕ йӕ апостолтӕ Хуыцауӕн кады зарджытӕ азарыдысты ӕмӕ ацыдысты. Йесойы куы хъуамӕ ӕрцахстаиккой, уымӕ бирӕ нал хъуыди.

«Ма тӕрс, гыццыл дзуг, уымӕн ӕмӕ уӕ Фыды бафӕндыд сымахӕн паддзахад раттын» (Лукайы 12:32)