Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

33 СӔРГОНД

Руф ӕмӕ Ноемин

Руф ӕмӕ Ноемин

Иуафон Израилы скодта ӕххормаг рӕстӕг. Ӕмӕ уӕд иу дзуттаг сылгоймаг, Ноемин, йӕ лӕг ӕмӕ йӕ дыууӕ фырты Моавы зӕхмӕ цӕрынмӕ ацыдысты. Фӕстӕдӕр Ноемины лӕг амард. Йӕ фырттӕ та устытӕ ракуырдтой. Сӕ иуӕн йӕ ус хуынди Руф, иннӕмӕн та – Орфӕ, сӕ дыууӕ дӕр уыдысты моавӕгтӕ. Хъыгагӕн, фӕстӕдӕр Ноемины фырттӕ дӕр амардысты.

Ноемин фехъуыста, Израилы ӕххормаг рӕстӕджытӕ кӕй фесты, ӕмӕ сфӕнд кодта фӕстӕмӕ уырдӕм ацӕуын. Руф ӕмӕ Орфӕ дӕр йемӕ рацыдысты, фӕлӕ сын фӕндагыл Ноемин загъта: «Мӕ фырттӕн дӕр ӕмӕ мӕнӕн дӕр тынг хорз уыдыстут. Ногӕй чындзы куы ацӕуиккат, уӕд хорз уаид. Фӕстӕмӕ Моавмӕ аздӕхут». Уӕд ын уыдон загътой: «Мах дӕ бирӕ уарзӕм, ӕмӕ дӕ нӕ ныууадздзыстӕм!» Фӕлӕ сын Ноемин уӕддӕр дзырдта, цӕмӕй сӕ хӕдзӕрттӕм аздӕхтаиккой. Ӕппынфӕстаг Орфӕ сразы, ӕмӕ ацыд. Фӕлӕ Руф уӕддӕр йемӕ баззад. Ноемин ын загъта: «Орфӕ фӕстӕмӕ йӕ адӕммӕ ӕмӕ йӕ хуыцӕуттӕм аздӕхт. Ды дӕр йемӕ ацу ӕмӕ дӕ мады хӕдзармӕ аздӕх». Фӕлӕ йын Руф загъта: «Ӕз дӕ нӕ ныууадздзынӕн. Дӕ адӕм уыдзысты мӕ адӕм ӕмӕ дӕ Хуыцау уыдзӕн мӕ Хуыцау». Куыд хъуыды кӕныс, Ноеминӕн Руфы ныхӕстӕ ӕхсызгон нӕ уыдысты?

Руф ӕмӕ Ноемин Израилмӕ ӕрхӕццӕ сты, хъӕбӕрхор кӕрдыны афон куы райдыдта, уӕд. Иу бон Руф ацыд Раавы фырт Воозы быдырмӕ. Чи дзы куыста, уыдоны фӕстӕ ӕфсиртӕ ӕмбырд кӕнын райдыдта. Вооз фехъуыста, Руф моаваг чызг кӕй у ӕмӕ Ноемины кӕй нӕ ныууагъта. Ӕмӕ йӕ кусджытӕн загъта, цӕмӕй-иу сӕ фӕстӕ Руфӕн фылдӕр ӕфсиртӕ ныууагътаиккой.

Уыцы бон изӕрӕй Ноемин Руфы бафарста: «Абон кӕй быдыры куыстай?» Руф ын загъта: «Воозы быдыры». Уӕд ын Ноемин загъта: «Вооз мӕ сӕрыхицауы хӕстӕг у. Йӕ быдыры-иу иннӕ чызджытимӕ иумӕ кус. Уым дӕ ничи бахъыгдардзӕн».

Руф Воозы быдыры фӕкуыста, цалынмӕ хуымтӕ карст нӕ фесты, уӕдмӕ. Вооз уыдта, Руф куыстуарзаг ӕмӕ хорз адӕймаг кӕй у. Уӕды заманты-иу, фырт кӕмӕн нӕ уыд, ахӕм нӕлгоймаг куы амард, уӕд-иу йӕ хӕстӕгӕн уый бар уыд, цӕмӕй-иу ын йӕ усы ракуырдтаид. Гъемӕ Вооз дӕр Руфы ракуырдта. Фӕстӕдӕр сын райгуырд лӕппу, схуыдтой йӕ Овид. Овид уыди паддзах Давиды фыдыфыд. Ноемины ӕмбӕлттӕ тынг цин кодтой ӕмӕ загътой: «Йегъовӕ дын афтӕ раарфӕ кодта, ӕмӕ дӕ дӕ чындз Руф уарзы ӕмӕ дын ӕххуыс кӕны. Ныр та дын ис хъӕбулы хъӕбул дӕр. Табу Йегъовӕйӕн!»

«Вӕййы ахӕм ӕмбал, ӕмӕ вӕййы ӕфсымӕрӕй ӕнувыддӕр» (Ӕмбисӕндтӕ 18:24)