Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

1 УРОК

Адӕймаджы бацымыдис кӕн

Адӕймаджы бацымыдис кӕн

Хъуыддӕгтӕ 17:22

НЫСАН: Цӕуыл дзурдзынӕ, уый хъуамӕ иннӕты бацымыдис кӕна. Зӕгъ, цӕуыл дзурдзынӕ ӕмӕ бамбарын кӕн, уый зонын сӕ цӕмӕн хъӕуы.

УЫЙ КУЫД ИС АРАЗӔН

  • Адӕймаджы бацымыдис кӕн. Хъусджыты чи бацымыдис кӕндзӕн, ахӕм фарста ратт, йе та радзур, царды чи ӕрцыд, ахӕм хабар кӕнӕ исты ног хабар.

  • Цӕуыл дзурдзынӕ, уый зӕгъ. Хъуамӕ хъусджытӕ хорз ӕмбарой, дӕ ныхас цӕуыл у, уый.

  • Бамбарын кӕн, ахсджиаг цӕмӕн у. Дзур, хъусджытӕн пайда цы уыдзӕн, ууыл. Хъуамӕ хорз ӕмбарой, цӕуыл дзурыс, уый сын царды куыд баххуыс кӕндзӕн, уый.