Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

2 УРОК

Хуымӕтӕг ныхасы уаг

Хуымӕтӕг ныхасы уаг

2 Коринфӕгтӕм 2:17

НЫСАН: Дзур зӕрдиагӕй ӕмӕ, ӕнӕуи куыд фӕдзурыс, афтӕ.

УЫЙ КУЫД ИС АРАЗӔН

  • Йегъовӕмӕ-иу скув ӕмӕ-иу дӕхи хорз бацӕттӕ кӕн. Кув, цӕмӕй дӕхиуыл нӕ, фӕлӕ цы хабар хъусын кӕныс, ууыл хъуыды кӕнай. Цы сӕйраг хъуыдытӕ хъуамӕ зӕгъай, уыдон бахъуыды кӕн. Дӕхи ныхӕстӕй дзур. Афтӕ ма дзур, цыма кӕсгӕ кӕныс.

  • Зӕрдиагӕй дзур. Ахъуыды кӕн, цы дзурыс, уый хъусджыты цӕмӕн хъӕуы зонын. Уӕд де уӕнгтӕ ӕмӕ дӕ цӕсгомы змӕлдӕй бӕрӕг уыдзӕн, кӕй сыл тыхсыс ӕмӕ сӕм хорз зӕрдӕ кӕй дарыс.

  • Чи дӕм хъусы, уыдонмӕ кӕс. Дӕ бон у, чи дӕм хъусы, уыдонмӕ кӕсын. Раныхасы рӕстӕг-иу се ’ппӕтмӕ дӕр ма кӕс, фӕлӕ-иу рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ искӕмӕ бакӕс, цыма йемӕ ныхас кӕныс, афтӕ.