Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Цы у сыгъдӕг тых?

Цы у сыгъдӕг тых?

Дзуапп Библийӕ

 Сыгъдӕг тых у Хуыцауы хъару, кӕнӕ йӕ архайгӕ тых (Михей 3:8; Лукайы 1:35). Хуыцау йӕ сыгъдӕг тых арвиты, кӕдӕм фӕхъӕуы, уырдӕм, цӕмӕй йӕ фӕндон сӕххӕст кӕна (Псалом 104:30; 139:7).

 Библийы дзырд «тых»-ӕй ратӕлмац кодтой дзуттаг дзырд ру́ах ӕмӕ грекъаг дзырд пне́вма. Арӕхдӕр уыцы дзырдтӕ фӕамонынц Хуыцауы архайгӕ тыхмӕ, кӕнӕ сыгъдӕг тыхмӕ (Райдиан 1:2). Фӕлӕ ма Библийы ацы дзырдтӕн ис ӕндӕр нысаниуджытӕ дӕр:

 Уӕдӕ дзырдтӕн ру́ах ӕмӕ пне́вма цы нысаниуджытӕ ис, уыдон се ’ппӕт дӕр амонынц, ӕнӕуынгӕ цы у, фӕлӕ, йӕ архайд фенӕн цӕмӕн ис, ахӕм цӕмӕдӕр. Раст афтӕ Хуыцауы тых дӕр, иу дзырдуатмӕ гӕсгӕ, «дымгӕйау у ӕнӕуынгӕ, къухӕй басгарӕн ӕй нӕй ӕмӕ у тыхджын» (An Expository Dictionary of New Testament Words, by W. E. Vine).

 Библийы фысджытӕ ма Хуыцауы сыгъдӕг тыхы кой кӕнгӕйӕ пайда кодтой дзырдтӕй «къухтӕ» кӕнӕ «ӕнгуылдзтӕ» (Псалом 8:3, фиппаинаг; 19:1; Лукайы 11:20, фиппаинаг; абар Матфейы 12:28). Ӕрмгуыстгӕнӕг кусгӕ-кусын йӕ къухтӕй ӕмӕ йе ’нгуылдзтӕй куыд фӕархайы, раст афтӕ Хуыцау дӕр йӕ сыгъдӕг тыхӕй пайда кодта, цӕмӕй, зӕгъӕм:

Сыгъдӕг тых удгоймаг нӕу

 Библи Хуыцауы сыгъдӕг тых «къухтӕ», «ӕнгуылдзтӕ» ӕмӕ «улӕфтимӕ» кӕй бары, уымӕй бӕрӕг у, сыгъдӕг тых удгоймаг кӕй нӕу (Рацыд 15:8, 10). Ӕрмгуыстгӕнӕгӕн йӕ къухтӕ сӕхигъӕдӕй, ома ӕнӕ буарӕй ӕмӕ ӕнӕ сӕрымагъзӕй, кусой, уый гӕнӕн нӕй. Ӕмӕ раст афтӕ уый гӕнӕн дӕр нӕй, ӕмӕ сыгъдӕг тых йӕхигъӕдӕй, ома ӕнӕ Хуыцауӕй, архайа (Лукайы 11:13). Библийы ма сыгъдӕг тых барст цӕуы донимӕ ӕмӕ баст вӕййы уырнындзинадимӕ ӕмӕ зонындзинӕдтимӕ. Ӕппӕт адӕттӕй бӕрӕг у, сыгъдӕг тых удгоймаг кӕй нӕу (Исай 44:3; Хъуыддӕгтӕ 6:5; 2 Коринфӕгтӕм 6:6).

 Библийы фыст ис Хуыцауы ном – Йегъовӕ, стӕй йӕ Фырты ном дӕр – Йесо Чырысти. Фӕлӕ дзы афтӕ никуы ис фыст, ӕмӕ сыгъдӕг тыхӕн дӕр ном ис (Исай 42:8; Лукайы 1:31). Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕй иу, Стефан, зӕгъгӕ, цӕстылуайӕны федта уӕлӕрвты дыууӕ удгоймаджы, ӕртӕ нӕ, фӕлӕ. Библийы фыст ис: «Стефан Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй схайджын, скаст арвмӕ ӕмӕ федта Хуыцауы кад ӕмӕ Йесойы Хуыцауы рахиз фарс лӕугӕ» (Хъуыддӕгтӕ 7:55). Сыгъдӕг тыхы фӕрцы та – Хуыцауы архайгӕ тыхы фӕрцы – Стефанӕн йӕ бон уыд уыцы цӕстылуайӕн фенын.

Сыгъдӕг тых цы у, уый фӕдыл цавӕр рӕдыд хъуыдытӕ ис

 Рӕдыд хъуыды. 1 Иоанны 5:7, 8 стихтӕй куыд зыны, афтӕмӕй «Сыгъдӕг Уд», ома сыгъдӕг тых, у удгоймаг ӕмӕ у Троицӕйы хай («Ног Фӕдзӕхст ӕмӕ Псалтир», 1994 аз).

 Ӕцӕгӕй та куыд у. «Ног Фӕдзӕхст ӕмӕ Псалтир»-ы 1 Иоанны 5:7, 8 стихты фыст ис: «Ӕртӕ ӕвдисӕн лӕууынц арвыл: Фыд, Дзырд ӕмӕ Сыгъдӕг Уд; ӕмӕ ацы ӕртӕ сты иу. Ӕмӕ ӕртӕ ӕвдисӕн лӕууынц зӕххыл». Фӕлӕ иртасджытӕ куыд сбӕлвырд кодтой, афтӕмӕй уыцы ныхӕстӕ апостол Иоанн нӕ ныффыста ӕмӕ Библимӕ ницы бар дарынц. Профессор Брюс Мецгер ныффыста: «Дзырд дӕр ыл нӕй, ацы ныхӕстӕ ӕрымысгӕ сты, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Библийы хъуамӕ ма уой» (A Textual Commentary on the Greek New Testament).

 Рӕдыд хъуыды. Библи сыгъдӕг тыхы кой афтӕ кӕны, цыма удӕгас чидӕр у, ӕмӕ уый бӕлвырд кӕны, удгоймаг кӕй у.

 Ӕцӕгӕй та куыд у. Библи иуӕй-иу хатт сыгъдӕг тыхы кой афтӕ фӕкӕны, цыма удӕгас чидӕр у. Зӕгъӕм, Йесо Чырысти сыгъдӕг тых схуыдта «ӕххуысгӕнӕг» (пара́клетос), ӕмӕ загъта, зӕгъгӕ, сыгъдӕг тых бӕлвырдгӕнӕнтӕ хӕсдзӕн, фӕндагамонӕг уыдзӕн, дзурдзӕн, хъусдзӕн, хъусын кӕндзӕн ӕмӕ кадджын кӕндзӕн (Иоанны 16:7–15). Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ сыгъдӕг тых удгоймаг у. Библи зонд, мӕлӕт ӕмӕ тӕригъӕды кой дӕр афтӕ фӕкӕны, цыма удгоймӕгтӕ сты (Ӕмбисӕндтӕ 1:20; Ромӕгтӕм 5:17, 21). Зӕгъӕм, Библийы зонды тыххӕй фыст ис, зӕгъгӕ, «хъахъхъӕны», тӕригъӕды тыххӕй дзы та фыст ис, зӕгъгӕ, «йӕ фӕдыл... сайы» ӕмӕ «ӕрцахсы» (Екклесиаст 7:12; Дзуттӕгтӕм 3:13; 12:1).

 Рӕдыд хъуыды. Библийы сыгъдӕг тыхы номыл донаргъуыд райсыны кой кӕй ис, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ удгоймаг у.

 Ӕцӕгӕй та куыд у. Библийы дзырд «ном» иуӕй-иу хатт фӕамоны, кӕмӕндӕр цавӕрдӕр бартӕ кӕй ис, уымӕ (Дыккаг закъон 18:5, 19–22; Есфир 8:10). Зӕгъӕм, чидӕр «хицауады номӕй» кӕй архайы, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ хицауад удгоймаг у. Сыгъдӕг тыхы «номыл» донаргъуыд чи райсы, уый афтӕмӕй равдисы, Йегъовӕ йӕ фӕндон уыцы тыхы фӕрцы кӕй ӕххӕст кӕны, уый кӕй ӕмбары (Матфейы 28:19).

 Рӕдыд хъуыды. Фыццаг ӕнусы Йесо Чырыстийы апостолты ӕмӕ йӕ иннӕ ахуыргӕнинӕгты уырныдта, сыгъдӕг тых удгоймаг кӕй у.

 Ӕцӕгӕй та куыд у. Уый нӕдӕр Библимӕ гӕсгӕ у раст, нӕдӕр историмӕ гӕсгӕ. Иу чиныджы фыст ис: «Сыгъдӕг Уд хицӕн уӕларвон удгоймаг у, зӕгъгӕ... ууыл фыццаг хатт ныхас цыд, нӕ эрӕйы 381 азы чырыстон дины разамонджытӕн Константинополы цы стыр фембӕлд уыд, уым» (Encyclopædia Britannica). Уый та уыд, апостолтӕй фӕстаг куы амард, уымӕй 250 азӕй фылдӕр куы рацыд, уӕд.