Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

07 УРОК

Йегъовӕ цавӕр Хуыцау у?

Йегъовӕ цавӕр Хуыцау у?

Дӕумӕ гӕсгӕ, Йегъовӕ цавӕр Хуыцау у? Иуӕй-иутӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ Йегъовӕ у Иунӕг Стыр Хуыцау, фӕлӕ стъалытӕ куыд дард сты, афтӕ дард у махӕй. Иннӕтӕ та зӕгъынц, ӕмӕ Хъомысджын Хуыцау у, фӕлӕ йӕм нымады дӕр ничи ӕмӕ ницы у. Цымӕ ӕцӕгӕй та цавӕр Хуыцау у? Библийӕ нӕ бон базонын у, цавӕр миниуджытӕ йӕм ис, стӕй ма дзы базонӕн ис, бирӕ нӕ кӕй уарзы.

1. Нӕ бон Хуыцауы фенын цӕуылнӕ у?

«Хуыцау у ӕнӕуынгӕ» (Иоанны 4:24). Йегъовӕйӕн мах хуызӕн буар нӕй. Йегъовӕ у ӕнӕуынгӕ ӕмӕ цӕры уӕлӕрвты.

2. Йегъовӕмӕ цавӕр миниуджытӕ ис?

Кӕд Йегъовӕйы нӕ бон фенын нӕу, уӕддӕр у удӕгас Хуыцау. Ӕмӕ, цы диссаджы миниуджыты хицау у, уый куы базонӕм, уӕд ӕй бауарзӕм. Библийы фыст ис: «Йегъовӕ уарзы рӕстдзинад ӕмӕ йыл иузӕрдион чи у, уыдоны нӕ ныууадздзӕн» (Псалом 37:28). Уымӕй уӕлдай Библийӕ базонӕн ис, «Йегъовӕ фӕлмӕн уарзтӕй кӕй уарзы ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у», уӕлдайдӕр та, зындзинӕдтӕ чи ’взары, уыдонмӕ (Иаковы 5:11). «Йегъовӕ хӕстӕг у, зӕрдӕсаст чи у, уыдонмӕ, ӕмӕ, ныфссаст чи у, уыдоны ирвӕзын кӕны» (Псалом 34:18). Йегъовӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсы, цы аразӕм, уымӕ. Ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ чи аразы, уыдон ын йӕ зӕрдӕ риссын кӕнынц (Псалом 78:40, 41). Хорз хъуыддӕгтӕ чи аразы, уыдон та йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕнынц. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 27:11.)

3. Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

Йегъовӕйы миниуджытӕй ӕппӕты сӕйрагдӕр у уарзондзинад. Библийы фыст ис: «Хуыцау у уарзондзинад» (1 Иоанны 4:8). Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, уый нӕ бон у базонын Библийӕ ӕмӕ, цы сфӕлдыста, уыдӕттӕй. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 14:17.) Ахъуыды-ма кӕн, зӕгъӕм, куыд конд стӕм, ууыл. Нӕ бон у алыхуызон хуызтӕ уынын, рӕсугъд музыкӕмӕ хъусын ӕмӕ хӕринӕгты ад ӕмбарын. Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй нын цард циндзинад хӕсса.

ФЫЛДӔР БАЗОН

Базон, Йегъовӕ диссаджы хъуыддӕгтӕ цӕй фӕрцы аразы ӕмӕ йӕ рӕсугъд миниуджытӕ куыд ӕвдисы.

4. Сыгъдӕг тых у Хуыцауы архайгӕ тых

Мах алцыдӕр нӕ къухтӕй куыд аразӕм, афтӕ Йегъовӕ та алцыдӕр аразы йӕ сыгъдӕг тыхӕй. Библийӕ куыд зыны, афтӕмӕй Дун-дунейы сыгъдӕг тыхӕй хъомысджындӕр тых нӕй. Фӕлӕ иуӕй-иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ, сыгъдӕг тых у удгоймаг. Бакӕсут Лукайы 11:13 ӕмӕ Хъуыддӕгтӕ 2:17 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

  • Хуыцау йӕ сыгъдӕг тых «ӕруадздзӕн», уыцы тых дзы чи куры, уыдоныл. Уӕдӕ, дӕумӕ гӕсгӕ, сыгъдӕг тых удгоймаг у ӕви Хуыцауы архайгӕ тых? Афтӕ цӕмӕн хъуыды кӕныс?

Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы диссаджы хъуыддӕгтӕ аразы. Бакӕсут Псалом 33:6 a ӕмӕ 2 Петры 1:20, 21 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы цы сарӕзта?

5. Йегъовӕмӕ ис бирӕ рӕсугъд миниуджытӕ

Моисей уыд Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг, фӕлӕ йӕ уӕддӕр фӕндыд йе Сфӕлдисӕджы хуыздӕр базонын. Уымӕ гӕсгӕ йын загъта: «Бацамон мын дӕ фӕндӕгтӕ, цӕмӕй дӕ зонон» (Рацыд 33:13). Ӕмӕ Йегъовӕ Моисейӕн раргом кодта, цавӕр Хуыцау у, уый. Бакӕсут Рацыд 34:4–6 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

  • Йегъовӕ Моисейӕн йӕхи тыххӕй цы загъта?

  • Йегъовӕйы миниуджытӕй дӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр кӕцытӕ цӕуынц?

6. Йегъовӕ адӕмы уарзы

Дзуттӕгтӕ, Хуыцауы адӕм, раджы заманты уыдысты цагъартӕ Египеты. Цымӕ сын Йегъовӕ сӕ хъизӕмӕрттӕм цы цӕстӕй каст? Байхъусут АУДИОЗАПИСЬМӔ. Аудиозаписьмӕ хъусгӕйӕ кӕсут уӕ Библитӕм кӕнӕ та бакӕсут Рацыд 3:1–10. Стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдоныл.

  • Йегъовӕ адӕмы хъизӕмӕрттӕм цы цӕстӕй кӕсы, уый тыххӕй ацы скъуыддзагӕй цы базыдтай? (7 ӕмӕ 8 стихтӕ)

  • Куыд дӕм кӕсы, Йегъовӕйы ӕцӕгдӕр фӕнды адӕмӕн баххуыс кӕнын ӕмӕ уый йӕ бон саразын у? Афтӕ цӕмӕн хъуыды кӕныс?

7. Йегъовӕ цавӕр Хуыцау у, уый базонӕн ис, цы сфӕлдыста, уыдонӕй

Йегъовӕйы миниуджытӕ зынынц йе сконд хъуыддӕгтӕй. Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ. Стӕй бакӕсут Ромӕгтӕм 1:20 ӕмӕ аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарста ис, ууыл.

  • Йегъовӕйӕн йӕ миниуджытӕ куыд зынынц йе сконд хъуыддӕгтӕй?

ИУӔЙ-ИУТӔ ФӔЗӔГЪЫНЦ: «Хуыцауы фенӕн нӕй, ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ базонӕн дӕр нӕй».

  • Ды та куыд хъуыды кӕныс?

  • Афтӕ цӕмӕн хъуыды кӕныс?

ЦЫ БАЗЫДТАЙ

Йегъовӕ у ӕнӕуынгӕ ӕмӕ йӕм ис бирӕ хорз миниуджытӕ, уӕлдайдӕр та уарзондзинад.

Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн

  • Нӕ бон Йегъовӕйы фенын цӕуылнӕ у?

  • Цы у сыгъдӕг тых?

  • Йегъовӕйы миниуджытӕй иуӕй-иутӕ цавӕртӕ сты?

Дӕ нысан

ФЫЛДӔР ӔРМӔГ

Йегъовӕйы хуыздӕр базондзынӕ, йӕ цыппар сӕйраг миниуӕджы йын куы базонай, уӕд.

«Хуыцау цыхуызӕн у ӕмӕ йӕм цавӕр миниуджытӕ ис?» («Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», № 1, 2019)

Базон, Йегъовӕ алы ран дӕр кӕй нӕй, уымӕн цавӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис.

«Цымӕ Хуыцау алы ран дӕр ис?» (интернет-статья)

Базон, Библи Хуыцауы сыгъдӕг тых «къухтӕ» цӕмӕн хоны, уый.

«Цы у сыгъдӕг тых?» (интернет-статья)

Иу куырм нӕлгоймаджы нӕ уырныдта, Хуыцау ӕй кӕй уарзы, уый. Базон, уый йӕ цӕй фӕрцы бауырныдта.

«Ныр мӕ бон у иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын» (2015 азы 1 октябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»)

a Псалом 33:6 стихы дзырд «комытӕф»-ӕй цы дзуттаг дзырд ратӕлмац кодтой, уый ма нысан кӕны «сыгъдӕг тых» дӕр.