Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

43 УРОК

Библийы нозты тыххӕй цы фыст ис?

Библийы нозты тыххӕй цы фыст ис?

Алы рӕтты адӕм нозтмӕ алыхуызон цӕстӕй кӕсынц. Иуӕй-иутӕ уарзынц хаттӕй-хатт се ’мбӕлттимӕ ануазын. Иннӕтӕ та ӕппындӕр нӕ нуазынц. Чидӕртӕ та фӕнуазынц, цалынмӕ не срасыг вӕййынц, уӕдмӕ. Цымӕ Библийы та нозты тыххӕй цы фыст ис?

1. Библимӕ гӕсгӕ, нуазын ӕвзӕр у?

Библи афтӕ нӕ зӕгъы, ӕмӕ нуазын ӕвзӕр у. Хуыцау нын цы бирӕ лӕвӕрттӕ скодта, уыдонӕй иу у сӕн. Библийы фыст ис: «Дӕттыс сӕн, цӕмӕй адӕймаджы зӕрдӕ хъӕлдзӕг кӕна» (Псалом 104:14, 15). Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй Библийы кӕй тыххӕй ис фыст, уыдонӕй дӕр-иу чидӕртӕ хатт анызтой (1 Тимофеймӕ 5:23).

2. Библийы нозты фӕдыл цавӕр уынаффӕ ис?

Йегъовӕ у фыднозт кӕныны ныхмӕ, адӕймагыл йӕ нозт бӕрӕг куы нӕ уа, уӕд дӕр (Галатӕгтӕм 5:21). Йӕ Ныхасы фыст ис: «Сӕнӕй бӕрц чи нӕ зоны... уыдонимӕ ма у» (Ӕмбисӕндтӕ 23:20). Уӕдӕ кӕд нуазӕм (суанг иунӕгӕй дӕр), уӕддӕр-иу уыйбӕрц хъуамӕ ма бануазӕм, цӕмӕй нӕхи мауал ӕмбарӕм, цы дзурӕм ӕмӕ цы аразӕм, ууыл нӕ бар мауал цӕуа кӕнӕ не ’нӕниздзинадӕн исты зиан ӕрхӕссӕм. Нозтӕй бӕрц куы нӕ зонӕм, уӕд хъуамӕ ӕппындӕр ма нуазӕм.

3. Иннӕтӕ нозты фӕдыл цы уынаффӕ рахастой, уымӕн нӕ бон аргъ кӕнын куыд у?

Алчидӕр хъуамӕ аскъуыддзаг кӕна, нуаздзӕн ӕви нӕ. Бӕрцӕй нуаздзынӕн, зӕгъгӕ, чи аскъуыддзаг кодта, уыдонӕн хъуамӕ ма тӕрхон кӕнӕм. Нуазын кӕй нӕ фӕнды, уыдонӕн та хъуамӕ тыххӕй ма нуазын кӕнӕм (Ромӕгтӕм 14:10). Ӕмӕ, кӕй нуазӕм, уый искӕмӕн цӕлхдур куы уа, уӕд ӕппындӕр нӕ нуаздзыстӕм. (Бакӕс Ромӕгтӕм 14:21.) Мах хъуыды кӕнӕм иннӕты пайдайыл, нӕхи пайдайыл нӕ, фӕлӕ. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 10:23, 24.)

ФЫЛДӔР БАЗОН

Базон, Библийӕ дын цавӕр уагӕвӕрдтӕ баххуыс кӕндзысты, нуаздзынӕ ӕви нӕ, уый аскъуыддзаг кӕнынӕн. Стӕй ма базон, кӕд нозтмӕ ӕмхиц дӕ, уӕд дын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йӕ ныууадзай.

4. Аскъуыддзаг кӕн, нуаздзынӕ ӕви нӕ

Йесо нозтмӕ цы цӕстӕй каст? Ацы фарстайӕн дзуапп базоныны тыххӕй бакӕс, Йесо фыццаг цы диссаг сарӕзта, уый тыххӕй. Бакӕсут Иоанны 2:1–11 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

  • Ацы диссагӕй нӕ бон цы у базонын, Йесо нозтмӕ ӕмӕ, чи нуазы, уыдонмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый тыххӕй?

  • Йесо нозты ныхмӕ кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ чырыстӕттӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсой, чи нуазы, уыдонмӕ?

Кӕд чырыстӕттӕн нуазӕн ис, уӕддӕр хатт хуыздӕр вӕййы, цӕмӕй-иу ма бануазӕм. Бакӕсут Ӕмбисӕндтӕ 22:3 ӕмӕ стӕй ахъуыды кӕн, дӕлдӕр цы уавӕртӕ ис, уыдоны бануазис ӕви нӕ, ууыл:

  • хъӕудзӕн дӕ машинӕ скъӕрын кӕнӕ техникӕимӕ архайын;

  • сывӕрджын дӕ;

  • дохтыр дын нуазын нӕ уадзы;

  • нозтӕй бӕрц нӕ зоныс;

  • закъонмӕ гӕсгӕ дын нуазыны бар нӕй;

  • раздӕр нозтӕй бӕрц чи нӕ зыдта ӕмӕ ныр ӕппындӕр чи нал нуазы, ахӕм адӕймагимӕ дӕ.

Чындзӕхсӕвты кӕнӕ ӕндӕр бадтыты хъуамӕ ӕнӕмӕнг нозт ӕрӕвӕрай? Уый фӕдыл дын уынаффӕ рахӕссынӕн баххуыс кӕндзӕн видеоролик. Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ.

Бакӕсут Ромӕгтӕм 13:13 ӕмӕ 1 Коринфӕгтӕм 10:31, 32. Алы стихы фӕстӕ дӕр-иу аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Ацы уагӕвӕрд дын куыд баххуыс кӕндзӕн, Йегъовӕйы зӕрдӕ кӕмӕй барухс уыдзӕн, ахӕм уынаффӕ рахӕссынӕн?

Алы чырыстон дӕр йӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕны, нуаздзӕн ӕви нӕ, уый. Кӕд хатт ануазы, уӕддӕр кӕцыдӕр уавӕрты, гӕнӕн ис, ӕмӕ ма бануаза

5. Аскъуыддзаг кӕн, цас нуаздзынӕ, уый

Кӕд нуазыс, уӕд дӕ зӕрдыл бадар: кӕд Йегъовӕ нозты ныхмӕ нӕу, уӕддӕр фыднозт кӕнын тӕригъӕдыл нымайы. Цӕмӕн? Бакӕсут Осийы 4:11, 18 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Ӕгӕр бирӕ нуазын тӕссаг цӕмӕй у?

Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ӕгӕр бирӕ ма нуазӕм? Хъуамӕ уӕм бонзонгӕ, ома нӕ бӕрц зонӕм. Бакӕсут Ӕмбисӕндтӕ 11:2 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Хорз цӕмӕн у, цӕмӕй, цас нуаздзынӕ, уый аскъуыддзаг кӕнай ӕмӕ уымӕй фылдӕр ма нуазай?

6. Адӕймагӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фыднозт мауал кӕна

Базон, иу нӕлгоймагӕн йӕ нозт ныууадзынӕн цы баххуыс кодта. Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдоныл.

  • Дмитрий-иу нозтджынӕй цыхуызӕн уыд?

  • Йӕ нозт ныууадзын йӕ бон уайтагъд баци ӕви нӕ?

  • Йӕ нозт ныууадзынӕн ын цы баххуыс кодта?

Бакӕсут 1 Коринфӕгтӕм 6:10, 11 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

  • Библийы фыднозт кӕныны тыххӕй цы фыст ис?

  • Цӕмӕй бӕрӕг у, фыднозт чи кӕны, уыдонӕн сӕ бон аивын кӕй у?

Бакӕсут Матфейы 5:30 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Йесойы ныхӕстӕ, дӕ къух ралыг кӕн, зӕгъгӕ, ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ нӕ цӕуылдӕрты нӕ къух сисын бахъӕуы, цӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнӕм. Кӕд нозтмӕ ӕмхиц дӕ, уӕд дын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йӕ ныууадзай? a

Бакӕсут 1 Коринфӕгтӕм 15:33 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Фыднозт кӕнын чи уарзы, уыдонимӕ куы лымӕн кӕнай, уӕд дыл уый куыд фӕзындзӕн?

ИСЧИ ДӔ КУЫ БАФӔРСА: «Чырыстӕттӕн нуазӕн нӕй?»

  • Цавӕр дзуапп ын раттис?

ЦЫ БАЗЫДТАЙ

Йегъовӕ нозт радта, цӕмӕй адӕймаджы зӕрдӕ хъӕлдзӕг кӕна. Фӕлӕ Йегъовӕ у фыднозт кӕныны ныхмӕ.

Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн

  • Библийы нозты тыххӕй цы фыст ис?

  • Фыднозт кӕнын тӕссаг цӕмӕй у?

  • Нӕ бон куыд у ӕвдисын, иннӕтӕ нозты фӕдыл цы уынаффӕ рахастой, уымӕн кӕй аргъ кӕнӕм?

Дӕ нысан

ФЫЛДӔР ӔРМӔГ

Ӕрыгӕттӕн цы ’ххуыс кӕндзӕн нозты фӕдыл раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн?

«Нозт цӕмӕ ӕркӕны, ууыл-иу ахъуыды кӕн» (2:31)

Базон, адӕймагӕн йӕ бон цы у саразын, цӕмӕй фыднозт мауал кӕна.

«Нозтӕй хъӕуы бӕрц зонын» (2010 азы 1 январы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»)

Иу нӕлгоймаджы царды хабарӕй, «Ӕз уыдтӕн „ӕнӕбын боцкъа“», зӕгъгӕ, базондзынӕ, йӕ нозт ныууадзынӕн ын цы баххуыс кодта.

«Библи ивы адӕймаджы цард» (2012 азы 1 майы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»)

a Ӕнӕ нозтӕй чи нӕ фӕразы, уыдоны сӕ нозт ныууадзыны тыххӕй, чи зоны, бахъӕуа дохтырты ӕххуыс. Дохтыртӕй бирӕтӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, нозтмӕ ӕмхиц чи уыди, уыдон хъуамӕ ӕппындӕр ма нуазой.