Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Бинонты амонд цӕмӕй кӕнгӕ у

Сывӕллӕттимӕ иумӕйаг ӕвзаг куыд ссарӕм?

Сывӕллӕттимӕ иумӕйаг ӕвзаг куыд ссарӕм?

«Нӕ лӕппуимӕ нын раздӕр ӕнцон уыд ныхас кӕнын, фӕлӕ йыл ныр 16 азы цӕуы ӕмӕ нын зын у, цы хъуыды кӕны, уый базонын. Йӕ уаты сбады ӕмӕ цу, йемӕ ныхас кӕн!»– МИРИАМ (МЕКСИКӔ).

«Мӕ сывӕллӕттимӕ цӕуылфӕнды ма ныхас кодтаин, зӕрдиагӕй-иу мӕм хъуыстой. Фӕлӕ ныр бахъомыл сты ӕмӕ сӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ сӕ нал ӕмбарын»,– СКОТТ (АВСТРАЛИ).

КӔД дӕуӕн дӕр дӕ сывӕллӕттӕ рӕзгӕ кары сты, уӕд ацы ныййарджыты хорз ӕмбардзынӕ. Машинӕтӕ фӕндагыл дыууӕрдӕм ӕнӕкъуылымпыйӕ куыд цӕуынц, афтӕ, чи зоны, ды дӕр раздӕр дӕ сывӕллӕттимӕ ӕнӕкъуылымпыйӕ ныхас кодтай ӕмӕ кӕрӕдзи хорз ӕмбӕрстат. Фӕлӕ ныр, цыма уыцы фӕндагыл цӕлхдур фӕзынд, афтӕ уӕ ныхас кӕрӕдзийыл нал бады. «Мӕ лӕппу гыццыл куы уыд, уӕд-иу мӕ фарстаты бын фӕкодта,– загъта Анжелӕ Италийӕ.– Ныр та ныхас ӕрмӕст ӕз райдайын. Зӕгъгӕ йӕм ницы сдзырдтон, уӕд-иу ныл бон ӕнӕдзургӕйӕ ацӕуид».

Чи зоны, Анжелӕйау дӕумӕ дӕр афтӕ кӕсы, ӕмӕ дӕ кӕддӕры дзураг сывӕллон куы фестырдӕр, уӕд мадзура сси. Йемӕ куы ныхас кӕнай, уӕд дын ӕрмӕст цыбыр дзуапп ратдзӕн. Зӕгъӕм, дӕ фырты фӕрсыс: «Куыд дӕ?» Уый та дын схуыстӕй зӕгъы: «Хорз». Йе та дӕ чызджы афарстай: «Скъолайы уӕм цы хабӕрттӕ ис?» Уый та йе ’уӕхсджытыл схӕцыд ӕмӕ зӕгъы: «Ницы». Куы йӕ бафӕрсай, ӕндӕр мын ницыуал зӕгъдзынӕ, зӕгъгӕ, уӕд бынтондӕр ныхъхъус вӕййы.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сывӕллӕттӕ иууылдӕр афтӕ не сты. Фӕлӕ цы фӕдзурынц, уый сӕ ныййарджыты зӕрдӕмӕ нӕ фӕцӕуы. Нигерийӕ иу сылгоймаг Еднӕ загъта: «Мӕ чызгӕн куы фӕзӕгъын, мӕнӕ ма уый бакӕн, зӕгъгӕ, уӕд арӕх йӕ дзуапп вӕййы: „Ныууадз-ма мӕ“». Мексикӕйӕ Рамонӕн дӕр йӕ 16-аздзыд лӕппу йӕхи афтӕ фӕдары. «Алы бон дӕр загъд фӕкӕнӕм,– загъта Рамон.– Исты йын куы фӕкусын кӕнын, уӕд алыхуызон ӕфсӕнттӕ агурын райдайы».

Сывӕллӕттӕ зындзырд куы вӕййынц, уӕд семӕ ныхас кӕнынӕн ныййарджыты стыр фӕразондзинад фӕхъӕуы. Библийы фыст ис: «Ӕргом ныхас кӕм нӕ уа, уым фӕндтӕ фехӕлдзысты» (Ӕмбисӕндтӕ 15:22). «Мӕ лӕппу цы хъуыды кӕны, уый куы нӕ фӕзонын, уӕд афтӕ смӕсты вӕййын ӕмӕ мӕм хъӕр кӕнын фӕцӕуы»,– загъта Аннӕ, йӕ сывӕллӕтты иунӕгӕй чи хъомыл кӕны, уыцы сылгоймаг Уӕрӕсейӕ. Рӕзгӕ кары сывӕллӕттӕн ӕмӕ сӕ ныййарджытӕн тынг ахсджиаг у кӕрӕдзи ӕмбарын, фӕлӕ растдӕр уыцы рӕстӕг нал фембарынц кӕрӕдзи. Цымӕ афтӕ цӕмӕн вӕййы?

Кӕрӕдзи цӕуылнӕ фембарынц?

Ныхас кӕнын ӕрмӕст цыдӕртӕ дзурын нӕу. Йесо Чырысти загъта: «Адӕймаг, йӕ зӕрдӕйы цы вӕййы, дзургӕ дӕр уый фӕкӕны» (Лукайы 6:45). Ӕргом ныхасы фӕрцы иннӕтӕй цӕуылдӕр ахуыр кӕнӕм ӕмӕ нӕхи тыххӕй дӕр радзурӕм. Фӕлӕ ӕрыгӕттӕн зын вӕййы ӕргом ныхас кӕнын. Уыцы кары дзураг дӕр ӕвиппайды ӕфсӕрмыгӕнаг свӕййы. Ахуыргӕндты хъуыдымӕ гӕсгӕ, рӕзгӕ кары сывӕллӕттӕм афтӕ фӕкӕсы, цыма, сӕхи куыд дарынц ӕмӕ цы дзурынц, уымӕ ӕппынӕдзухдӕр чидӕр кӕсы, ӕмӕ фӕархайынц, цӕмӕй сӕ сӕ ныййарджытӕ дӕр ма хъыгдарой.

Ныййарджытӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ ма кӕрӕдзи нӕ фембарынц, ӕрыгӕтты сӕхи зондӕй цӕрын кӕй фӕфӕнды, уый тыххӕй. Иу ӕмбисонд зӕгъы: «Зӕрватыкк лӕппынтӕ схъомыл кӕны ӕмӕ йын атӕхынц», ома сывӕллон куы сыстыр вӕййы, уӕд ӕй бафӕнды хицӕнӕй цӕрын. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ уӕ сывӕллонӕн йӕ бон у хицӕнӕй цӕрын. Бирӕ хъуыддӕгты йӕ ныр куыд хъӕуы уе ’ххуыс, афтӕ никуы. Фӕлӕ сывӕллон цалынмӕ нӕ сыстыр вӕййы, уӕдмӕ дӕр ӕй фӕфӕнды йӕхи зондӕй цӕрын. Ӕрыгӕттӕй бирӕты фӕфӕнды цӕуылдӕр хибарӕй ахъуыды кӕнын, цалынмӕ сӕ хъуыды иннӕтӕн ӕргом зӕгъой, уӕдмӕ.

Мексикӕйӕ иу сылгоймаг, Джессикӕ, зӕгъгӕ, бафиппайдта, ӕрыгӕттӕн се ’мгӕрттимӕ ӕргом ныхас кӕнын ӕнцондӕр кӕй вӕййы. Джессикӕ загъта: «Мӕ чызг гыццылдӕр куы уыд, уӕд мын алы хатт дӕр йӕ хабӕрттӕ дзырдта. Ныр та сӕ йе ’мбӕлттӕн фӕдзуры». Кӕд дӕуӕн дӕр дӕ сывӕллон афтӕ кӕны, уӕд дӕм ахӕм хъуыды ма фӕзынӕд, зӕгъгӕ йӕ нал хъӕуын. Ахуыргӕндтӕ сбӕрӕг кодтой: кӕд афтӕ фӕкӕсы, цыма ӕрыгӕттӕ сӕ ныййарджыты ныхасӕн нӕ аргъ кӕнынц, уӕддӕр сын се ’мбӕлтты хъуыдыйӕ зынаргъдӕр у. Фӕлӕ цы ис саразӕн, цӕмӕй сывӕллӕттӕ сӕ ныййарджытимӕ ӕргом ныхас кӕной?

Кӕрӕдзи ӕмбарынӕн уӕ цы хъыгдары, уый аиуварс кӕнут

Дӕ цӕстытыл ма ауайын кӕн, цыма ӕмраст фӕндагыл цӕуыс. Бирӕ километртӕ рацыдтӕ, фӕлӕ-иу дӕ ӕрмӕст иугыццыл хъуыд дӕ машинӕ фӕзилын. Стӕй ӕвиппайды дӕ фӕндаг цӕхгӕр фӕзылд. Цӕмӕй машинӕ фӕндагӕй ма ахиза, уый тыххӕй дӕ хъӕуы фӕзилын. Афтӕ вӕййы, сывӕллӕттӕ куы сыстыр вӕййынц, уӕд дӕр. Чи зоны, дӕ сывӕллӕттимӕ бирӕ азты дӕргъы кӕрӕдзи хорз ӕмбӕрстат. Фӕлӕ ныр сӕ цард цӕхгӕр фӕивта ӕмӕ ды дӕр хъуамӕ цыдӕр фӕивай, цӕмӕй кӕрӕдзи ӕмбарат. Ахъуыды-ма кӕн ахӕм фарстатыл:

Мӕ сывӕллоны цыдӕр радзурын куы фӕфӕнды, уӕд ӕм байхъусын? Библийы фыст ис: «Сызгъӕрин фӕткъуытӕ ӕвзист нывӕфтыдты мидӕг куыд фидауынц, афтӕ фидауы, кӕм хъӕуа, уым загъд ныхас дӕр» (Ӕмбисӕндтӕ 25:11). Ацы ныхӕстӕ хорз ӕвдисынц, сывӕллонмӕ дзурын куы цӕуа, уӕд йемӕ кӕй хъӕуы ныхас кӕнын, ӕмӕ уӕд кӕрӕдзи хуыздӕр ӕмбардзыстут. Зӕгъӕм, зӕхкусӕгӕн йӕ бон нӕу хор ӕфснайыны рӕстӕг нӕдӕр фӕтагъд кӕнын, нӕдӕр фӕфӕстӕдӕр кӕнын. Хор куы сцӕттӕ вӕййы, уӕд, йӕ бон цы у, уый фӕаразы. Чи зоны дӕ сывӕллоны ӕрмӕст цыдӕр рӕстӕг фӕфӕнды ныхас кӕнын. Пайда кӕн уыцы фадатӕй. «Бирӕ хӕттыты-иу мӕ чызг ӕхсӕвы мӕ уатмӕ ӕрбацыд аныхас кӕнынмӕ. Ӕмӕ кӕд ӕнафонмӕ никуы фӕбадын ӕмӕ мын ӕнцон нӕ уыд, уӕддӕр-иу суанг ӕмбисӕхсӕвмӕ бирӕ цӕуылдӕрты фӕныхӕстӕ кодтам»,– зӕгъы Френсис, йӕ сывӕллӕтты иунӕгӕй чи хъомыл кӕны, уыцы сылгоймаг Австралийӕ.

Дӕ сывӕллонмӕ дзурын куы нӕ цӕуа, уӕд иумӕ исты аразут: искуыдӕм къахӕй, йе та машинӕйыл ацӕут, истӕмӕй ахъазут кӕнӕ хӕдзары куыстытӕ кӕнут. Арӕх ахӕм хъуыддӕгтӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кӕнынц, цӕмӕй уемӕ ӕргом ныхас кӕной.

Мӕ сывӕллон цы зӕгъынмӕ фӕхъавы, уый бамбарыныл фӕархайын? Иовы 12:11 фыст ис: «Ӕвзаг хӕринаджы ад куыд ӕмбары, афтӕ хъус дӕр ныхӕстӕ нӕ хъусы?» Ныры хуызӕн дӕ никуы хъуыд, дӕ лӕппу кӕнӕ дӕ чызг цы дзуры, уымӕ ӕрмӕст хъусын нӕ, фӕлӕ ма йын йӕ ныхӕсты «ад» ӕмбарын дӕр. Ӕрыгӕттӕй арӕх вӕййы фехъусӕн, зӕгъӕм: «Алы хатт дӕр мемӕ афтӕ фӕныхас кӕныс, цыма сывӕллон дӕн!» кӕнӕ «Никуы мӕм фӕхъусыс!». Фӕлӕ «алы хатт дӕр» ӕмӕ «никуы» кӕй загъта, уый тыххӕй йын уайдзӕф кӕнын нӕ хъӕуы, чи зоны йӕ ӕцӕгдӕр уый зӕгъын нӕ фӕндыд. Афтӕ кӕй загъта, «Алы хатт дӕр мемӕ афтӕ фӕныхас кӕныс, цыма сывӕллон дӕн!», уымӕй йӕ, чи зоны, зӕгъын фӕндыд: «Афтӕ мӕм кӕсы, цыма мыл не ’ууӕндыс». Ӕмӕ, «Никуы мӕм фӕхъусыс!», уый та, чи зоны, нысан кӕны: «Нӕ мӕ ӕмбарыс». Цы зӕгъынмӕ хъавы, уый бамбарыныл бацархай.

Дӕ сывӕллон дын исты схуыст ныхас куы зӕгъа, уӕд ын зӕгъӕн ис: «Ӕвӕццӕгӕн, цӕуылдӕр тыхсыс, ӕмӕ мын ӕй куы радзурис. Афтӕ дӕм цӕмӕн кӕсы, ӕмӕ дӕ гыццыл сывӕллоныл нымайын?» Ӕмӕ йӕм стӕй лӕмбынӕг байхъус.

Цымӕ мӕ сывӕллоны тыххӕй куы дзурын кӕнон, уӕд ма йӕм дзурын цӕудзӕн? Библийы фыст ис: «Рӕстдзинады мыггаг байтыдӕуы ӕмӕ тыллӕг ӕрхӕссы, фарн кӕм ис, уым, ӕмӕ фарн чи уарзы, уыдонӕн» (Иаковы 3:18). Дӕ ныхӕстӕй ӕмӕ дӕхи куыд дарыс, уымӕй дӕ сывӕллоны разӕнгард кӕн, цӕмӕй йӕ демӕ ныхас кӕнын фӕнда. Хъуамӕ дӕ сывӕллонӕн адвокаты хуызӕн уай. Йемӕ афтӕ ма ныхас кӕн, цыма прокурор дӕ ӕмӕ йӕ аххосджын кӕныс. Корейӕ иу нӕлгоймаг, Ан, загъта: «Ӕмбаргӕ ныййарӕг ахӕм ныхӕстӕ нӕ фӕкӕны, „Дӕхи сывӕллоны хуызӕн кӕдмӕ дардзынӕ?“ кӕнӕ „Цал хатты дын загътон?“ Мӕ лӕппутӕн-иу афтӕ куы бауайдзӕф кодтон, уӕд-иу сӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд, семӕ куыд ныхас кодтон, ӕрмӕст уый нӕ, фӕлӕ сын цы дзырдтон, уый дӕр».

Дӕ сывӕллон дӕ фарстатӕн дзуапп куы нӕ дӕтта, уӕд ӕндӕрхуызы бафӕлвар. Зӕгъӕм, «Цы хабӕрттӕ дӕм ис?», бафӕрсыны бӕсты, дӕ чызгӕн радзур, дӕхи хабӕрттӕ, кӕддӕра дын йӕхӕдӕг ницы радзурид. Кӕнӕ цӕмӕй базонай, цыдӕр хъуыддаджы тыххӕй цы хъуыды кӕны, уый тыххӕй йӕм ахӕм фарстатӕ ратт, цӕмӕй ӕргом сывӕллонмӕ здӕхт ма уа. Бафӕрс ӕй, йе ’мбӕлттӕ та цы хъуыды кӕнынц уыцы хъуыддаджы фӕдыл ӕмӕ йе ’мбалӕн йӕхӕдӕг цы уынаффӕ раттид.

Уӕ сывӕллонимӕ кӕрӕдзи ӕмбарат, уый зын нӕу. Куы хъӕуа, уӕд-иу йемӕ ӕндӕрхуызон ныхас кӕн. Аныхас-иу кӕн, йӕ сывӕллӕтты ӕнтыстджынӕй чи хъомыл кӕны, уыцы ныййарджытимӕ (Ӕмбисӕндтӕ 11:14). Дӕ лӕппу кӕнӕ дӕ чызгимӕ ныхас кӕнгӕйӕ, «рӕвдз у байхъусынмӕ, дзурын ӕмӕ мӕсты кӕнынмӕ та тагъд ма кӕн» (Иаковы 1:19). Сӕйрагдӕр та, дӕ къухтӕ макуы ауадз ӕмӕ дӕ сывӕллӕтты «хъомыл кӕн, Йегъовӕ куыд амоны, афтӕ, ӕмӕ сӕ йӕ зондыл араз» (Ефесӕгтӕм 6:4).

АХЪУЫДЫ КӔН...

▪ Мӕ сывӕллон куы сыстыр, уӕд куыд фӕивта?

▪ Цы у мӕ бон саразын, цӕмӕй мӕ сывӕллонимӕ кӕрӕдзи ӕмбарӕм?

[Рамкӕ 20 фарсыл]

Ныййарджыты уынаффӕтӕ

«Иннӕтимӕ куы вӕййӕм, уӕд мӕ лӕппу йӕ хъуыдытӕ ӕргом фӕдзуры. Уый фӕстӕ нӕхӕдӕг куы баззайӕм, уӕд йемӕ уыцы хабӕрттыл дарддӕр фӕныхас кӕнын». АНЖЕЛӔ (ИТАЛИ)

«Нӕ сывӕллӕттӕй истӕй тыххӕй куы раппӕлӕм ӕмӕ сын куы фӕзӕгъӕм, тынг сӕ кӕй уарзӕм, уӕд немӕ ӕргом фӕныхас кӕнынц». ДОНИЗЕТИ (БРАЗИЛИ)

«Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты бинонты чи схъомыл, уыдоны фӕфӕрсын, цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлдысты ӕмӕ сын сӕ ныййарджытӕ куыд ӕххуыс кодтой, уымӕй. Уый мын стыр пайда фӕци». ДОН (АНГЛИС)