Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Зыдтай йӕ?

Зыдтай йӕ?

Раджы заманты адӕм растворы бӕсты писийӕ цӕмӕн пайда кодтой?

Вавилоны мӕсыг куыд арӕзтой, уый фӕдыл Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, аразджытӕн «агуыридур уыди дурты бӕсты, писи та – чъыры змӕсты бӕсты», ома растворы бӕсты (Райдиан 11:3).

Писи равзӕры нефтӕй. Нефт зӕххӕй схъары ӕмӕ стӕй ныббӕзджын вӕййы, ӕмӕ ахӕм бынӕттӕ абон дӕр Месопотамийы бирӕ ис. Писи ӕндӕдзгӕ кӕй кӕны, уый раджы бафиппайдтой. Иу чиныджы фыст ис, зӕгъгӕ-иу агуыридуртӕй исты куы амадтой, уӕд-иу растворы бӕсты пайда кодтой писийӕ.

Ӕрӕджы иу журналы ныммыхуыр кодтой, Месопотамийы рагон горӕт Уры цы мӕсыджы (зиккурат) хӕлддзӕгтӕ ис, уыдон фенынмӕ чи ацыд, иу ахӕм нӕлгоймаджы фыст статья. Уыцы статьяйы фыст ис: «Иракы хуссар хайы бирӕ ис нефтӕй хъӕздыг зӕххытӕ. Ацы бӕстӕйы нефтимӕ кусын куы райдыдтой, уӕд дзы фыццаг пайда кодтой растворы бӕсты. Ам уыцы раствор, ома писи, ныр дӕр фенӕн ис агуыридурты ’хсӕн». Статьяйы ма фыст ис, зӕгъгӕ, кӕд раджы заманты уыцы сау буаргъӕдӕй хорз хъуыддӕгтӕн пайда кодтой, уӕд абон та уый аххосӕй ацы бӕстӕйӕ „хӕсты быдыр“ рауад. Уыцы нӕлгоймаг ма ноджыдӕр загъта: «Шумертӕ растворы бӕсты, стӕй фӕндӕгтӕ аразынӕн писийӕ кӕй пайда кодтой, уый агуыридуртӕ уымӕл кӕнынӕй хъахъхъӕдта, кӕннод уал мин азы нӕ фӕлӕууыдаиккой» (Archaeology).

Раджы заманты цавӕр «гӕххӕттыл» фыстой?

Ахӕм фарста адӕймагмӕ фӕзыны, апостол Иоанн Библийы цы ныффыста, уый куы бакӕсы, уӕд: «Сымахӕн мӕм бирӕ зӕгъинӕгтӕ ис, фӕлӕ мӕ нӕ фӕнды, гӕххӕттыл уӕм сӕ фыссон, уый» (2 Иоанны 12).

«Гӕххӕтт»-ӕй цы грекъаг дзырд ратӕлмац кодтой, ха́ртес, зӕгъгӕ, уый амоны папирусӕй конд гӕххӕтмӕ. Уыцы зайӕгойы хъӕдтӕй гӕххӕтт куыд арӕзтой, уый тыххӕй иу чиныджы фыст ис: «Папирусы хъӕдтӕ-иу ныссыгъдӕг кодтой (вӕййынц 3 метры бӕрц) ӕмӕ-иу сӕ дӕргъӕй-дӕргъмӕ ныллыг кодтой. Цы нарӕг уадздзӕгтӕ-иу дзы рауад, уыдон-иу кӕрӕдзи сӕрыл рӕгъ-рӕгъ сӕвӕрдтой, стӕй та-иу сын сӕ сӕрыл ауагътой цӕхгӕрмӕ рӕгъ. Уый фӕстӕ-иу сӕ хъӕдын дзӕбугӕй фӕхостой ӕмӕ-иу сӕ фӕстагмӕ слӕгъз кодтой».

Египеты ӕмӕ Мард денджызмӕ хӕстӕг археологтӕ ссардтой бирӕ рагон папирустӕ. Сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ дзы иуӕй-иутӕ фыст ӕрцыдысты Чырыстийы заманты кӕнӕ та ноджы раздӕр. Ӕвӕццӕгӕн, апостолтӕ сӕ фыстӕджытӕ ахӕм гӕххӕттытыл фыстой.

[Нывтӕ барлӕвӕрдӕй 11 фарсыл]

Spectrumphotofile/​photographersdirect.com

© FLPA/​David Hosking/​age fotostock