Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Баввахс у Хуыцаумӕ

Хуыцау нын нӕ тӕригъӕдтӕ куы ныххатыр кӕны, уӕд нын сӕ ферох кӕны?

Хуыцау нын нӕ тӕригъӕдтӕ куы ныххатыр кӕны, уӕд нын сӕ ферох кӕны?

ИУ НЫХАСӔЙ йӕ куы зӕгъӕм, уӕд, о. Йегъовӕ йӕ адӕмы тыххӕй загъта: «Ӕз сын сӕ фыдхъуыддӕгтӕ ныххатыр кӕндзынӕн ӕмӕ сын сӕ тӕригъӕдтӕ нал ӕрхъуыды кӕндзынӕн» (Йереми 31:34). Уӕдӕ нын Йегъовӕ ныфс ӕвӕры, чи ӕрфӕсмон кӕны, уыдонӕн куы ныххатыр кӕны, уӕд сын сӕ тӕригъӕдтӕ кӕй нал ӕрхъуыды кӕны. Фӕлӕ, цымӕ, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нын Дунерафӕлдисӕг нӕ тӕригъӕдтӕ куы ныххатыр кӕны, уӕд сӕ йӕ бон ӕрхъуыды кӕнын нал вӕййы? Йезекилы ныхӕстыл куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд хуыздӕр бамбардзыстӕм, Йегъовӕ адӕмӕн сӕ тӕригъӕдтӕ куыд ныххатыр кӕны ӕмӕ сӕ куыд ферох кӕны, уый. (Бакӕс Йезекил 18:19–22.)

Йегъовӕ Йезекилы арвыста, цӕмӕй Иудӕ ӕмӕ Иерусалимы мӕнгард адӕмӕн фехъусын кодтаид, цы тӕрхон сын рахаста, уый. Израилӕгтӕ, иуӕй-иутӕй фӕстӕмӕ, Йегъовӕйы ныууагътой, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ бӕстӕ фыдракӕндтӕй байдзаг. Йегъовӕ йӕ пехуымпары уылты загъта, вавилойнӕгтӕ Иерусалим кӕй ныппырх кӕндзысты. Фӕлӕ сын уыцы фыдохы хабаримӕ ныфсы хабар дӕр фехъусын кодта. Алы адӕймаг дӕр йӕхӕдӕг ӕвзӕрста, куыд бакӕндзӕн, уый, алчидӕр йӕхи хъуыддӕгты тыххӕй лӕвӕрдта дзуапп (19-ӕм ӕмӕ 20-ӕм стихтӕ).

Ӕмӕ исчи йе ’взӕр хъуыддӕгтӕ куы ныууагътаид ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕ кӕнын куы райдыдтаид, уӕд та? Йегъовӕ загъта: «Фыдгӕнӕг, цы тӕригъӕдтӕ арӕзта, уыдонӕй иу дӕр куы нал араза ӕмӕ мын мӕ закъӕттӕ иууылдӕр куы ’ххӕст кӕна, раст тӕрхон ӕмӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ куы архайа, уӕд уый ӕнӕмӕнг цӕрдзӕн, нӕ амӕлдзӕн» (21-ӕм стих). Уӕдӕ-иу йӕ тӕригъӕдтыл чи ӕрфӕсмон кодта ӕмӕ-иу йӕ хивӕнд хъуыддӕгтӕ чи ныууагъта, уымӕн Йегъовӕ «цӕттӕ [уыд] хатыр кӕнынмӕ» (Псалом 86:5).

Цымӕ-иу адӕймаг цы тӕригъӕдтӕ ракодта, уыдонӕй та цы зӕгъӕн ис? Йегъовӕ загъта: «Цы фыдракӕндтӕ сарӕзта, уыдонӕй йын иу дӕр нал ӕрхъуыды кӕндзысты» (22-ӕм стих). Дӕ хъус-ма ӕрдар, ам афтӕ фыст кӕй ис, уыцы адӕймагӕн йӕ фыдракӕндтӕ кӕй нал ӕрхъуыды кӕндзысты. Ацы ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг сты?

Библийы «ӕрхъуыды кӕнын»-ӕй цы дзуттаг дзырд ратӕлмац кодтой, уый, раздӕр цы ’рцыд, ӕрмӕст уый ӕрымысынмӕ нӕ амоны. Ацы дзырды тыххӕй иу чиныджы фыст ис: «Ацы дзырд арӕх фӕамоны архайдмӕ, кӕнӕ та фембӕлы, цавӕрдӕр архайдмӕ чи фӕамоны, ахӕм мивдисӕгимӕ». Уӕдӕ «ӕрхъуыды кӕнын»-ӕн йӕ хъуыды у «архайын». Уымӕ гӕсгӕ, йӕ тӕригъӕдтыл чи ӕрфӕсмон кӕны, уыцы адӕймагӕн Йегъовӕ афтӕ куы фӕзӕгъы, дӕ тӕригъӕдтӕ дын «нал ӕрхъуыды кӕндзысты», зӕгъгӕ, уӕд уый афтӕ ӕмбаргӕ вӕййы, ӕмӕ уыцы тӕригъӕдты тыххӕй йӕ ныхмӕ нал архайдзӕн, ома йӕ нал аххосджын кӕндзӕн ӕмӕ йӕ нал бафхӕрдзӕн *.

Йезекил 18:21, 22 стихты цы зӕрдӕмӕхъаргӕ ныхӕстӕ фыст ис, уыдон нын ирдӕй ӕвдисынц, Йегъовӕ куыд хатыр кӕны, уый. Нӕ тӕригъӕдтӕ нын куы ныххатыр кӕны, уӕд нын сӕ стӕй нӕ цӕстмӕ никуыуал бадары. Чи ӕрфӕсмон кӕны, уыцы адӕймаджы тӕригъӕдтӕ йӕ сӕрты фӕстӕмӕ фехсы (Исай 38:17). Уый афтӕ уайы, цыма йӕ йӕ тӕригъӕдтӕй бынтондӕр ссыгъдӕг кӕны, цыма уӕвгӕ дӕр никуы уыдысты, афтӕ (Хъуыддӕгтӕ 3:19).

Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ ӕнӕмӕнг у, цӕмӕй нӕм Хуыцау фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕвдиса. Не ’ппӕт дӕр арӕх рӕдийӕм (Ромӕгтӕм 3:23). Фӕлӕ Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй зонӕм: нӕ тӕригъӕдтыл зӕрдӕйӕ куы ’рфӕсмон кӕнӕм, уӕд нын сӕ ӕхсызгонӕй ныххатыр кӕндзӕн. Ӕмӕ нын сӕ куы ныххатыр кӕны, уӕд нын сӕ ферох кӕны, ома нын сӕ нӕ зӕрдыл нал ӕрлӕууын кӕны – уыцы тӕригъӕдты тыххӕй нӕ нал фӕаххосджын кӕны ӕмӕ нӕ нал бафхӕры. Уымӕй хуыздӕр ма цы хъуамӕ уа! Ахӕм фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцауы дӕ хуыздӕр базонын нӕ фӕнды?

Июлы Библийӕ дӕ бон у бакӕсын:

Йезекил 6–20

[Фиппаинаг]

^ 5 абз. «Тӕригъӕдтӕ ӕрхъуыды кӕнын» та нысан кӕны «тӕригъӕдджыны ныхмӕ архайын», ома адӕймаджы йӕ тӕригъӕдты тыххӕй бафхӕрын (Йереми 14:10).