Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Нӕ кӕсджытӕ фӕрсынц...

Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджытӕй цӕмӕн домы, цӕмӕй сӕ цард иу кӕной ӕрмӕстдӕр сӕ диныл хӕст адӕмимӕ?

Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджытӕй цӕмӕн домы, цӕмӕй сӕ цард иу кӕной ӕрмӕстдӕр сӕ диныл хӕст адӕмимӕ?

▪ Хуыцау йӕ Закъоны израилӕгтӕн сӕ сыхаг адӕмты тыххӕй загъта: «Хӕстӕгӕн [сӕ]... ма агурут. Сӕ лӕппутӕн сын чызг ма дӕттут, ӕмӕ сын сӕ чызджыты дӕр уӕ лӕппутӕн ма курут» (Дыккаг закъон 7:3, 4). Цымӕ сын ахӕм закъон цӕмӕн радта?

Фыццаг хъуыддаг уый, ӕмӕ Йегъовӕ зыдта, Хӕйрӕджы кӕй фӕндыд, цӕмӕй йӕ адӕм мӕнг хуыцӕуттӕн кувын райдыдтаиккой. Уымӕ гӕсгӕ Хуыцау израилӕгтӕн загъта, зӕгъгӕ уын ӕнӕуырнджытӕ «уӕ лӕппуты ӕмӕ уӕ чызджыты Хуыцауӕй аздахдзысты ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн кувын райдайдзысты». Уыцы фӕдзӕхстмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕн нӕ уыд. Израилӕгтӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн кувын куы райдыдтаиккой, уӕд Хуыцауы хорзӕхӕй ӕнӕхай фӕуыдаиккой ӕмӕ сӕ нал хъахъхъӕдтаид, ӕмӕ афтӕмӕй та се знӕгты амӕттаг ӕнцонтӕй бауыдаиккой. Ӕмӕ уӕд Мессийӕ се ’хсӕнӕй куыд хъуамӕ равзӕрдаид? Уӕдӕ йӕ ’мбарӕм, Хӕйрӕджы цӕмӕн фӕндыд, цӕмӕй израилӕгтӕ сӕ цард мӕнг хуыцӕуттӕн кувӕг адӕмимӕ иу кодтаиккой.

Иннӕмӕй та нӕ рох ма уӕд, Хуыцау уыцы закъон кӕй радта, уымӕй йӕ лӕггадгӕнджытӕй алкӕуылдӕр кӕй батыхст. Сӕ амонд кӕнгӕ уыд, Йегъовӕимӕ ӕнгом уыдаиккой ӕви нӕ, уымӕй. Цымӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн ӕцӕгдӕр уыд тӕссаг сӕ цард мӕнг хуыцӕуттӕн кувӕг адӕмимӕ иу кӕнын? Ӕркӕсӕм-ма Соломоны хабармӕ. Соломон хорз зыдта, Йегъовӕ ӕндӕрбӕстӕгтӕй устытӕ курыны тыххӕй цы загъта, уый: «Уӕ зӕрдӕ [уын] сӕ хуыцӕутты ’рдӕм аздахдзысты, ӕмӕ уыцы хуыцӕутты фӕдыл цӕудзыстут». Стыр зонды хицау кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ, чи зоны, хъуыды кодта, уыцы закъон уымӕ кӕй нӕ хауы, ӕмӕ йӕ ницӕмӕ ӕрдардта. Уый йӕ цӕмӕ ’ркодта? «Йӕ устытӕ [йын] сабыргай йӕ зӕрдӕ Хуыцауӕй аздӕхтой... ӕндӕр хуыцӕутты ’рдӕм». Уымӕй стырдӕр бӕллӕх ма цы хъуамӕ уыдаид?! Соломон Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ кӕй сивта, уый тыххӕй Хуыцауы хорзӕхӕй ӕрмӕст йӕхӕдӕг ӕнӕхай нӕ фӕци, фӕлӕ ма йӕ адӕмы дӕр бӕллӕхы баппӕрста – йӕ паддзахад дыууӕ дихы фӕци (1 Паддзӕхты 11:2–4, 9–13).

Чи зоны, исчи ахъуыды кӕна, зӕгъгӕ, хабар алы хатт афтӕ ӕвзӕр нӕ рауайы. Зӕгъӕм, израилаг нӕлгоймаг Махлон ракуырдта моаваг сылгоймаг Руфы, ӕмӕ нын абон дӕр йӕ уырнындзинадӕй фӕзминаг у. Фӕлӕ моаваг сылгоймаджы ракурын тӕссаг уыд. Махлоны тыххӕй Библийы афтӕ фыст никуы ис, зӕгъгӕ, моаваг чызгимӕ йӕ цард кӕй баиу кодта, уымӕй раст бакодта. Махлон амард ӕрыгонӕй, ӕвӕццӕгӕн, Руф Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын куы нӕма райдыдта, уый размӕ. Махлоны ’фсымӕр Хилеон та ракуырдта, «йӕ хуыцӕуттыл» ӕнувыд чи уыд, ахӕм моаваг сылгоймаг Орфӕйы. Фӕлӕ Руф Воозмӕ куы смой кодта, уӕд уыди Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг. Руфы хорзы кой дзуттӕгты ’хсӕн бирӕ фӕлтӕртӕм дӕр нӕ фесӕфт, нымадтой йӕ, се ’гъдӕуттӕ сын ӕнӕзӕрдӕхудтӕй чи ’ххӕст кодта, ахӕм сылгоймагыл. Вооз ӕмӕ Руф сӕ цард кӕй баиу кодтой, уый сӕ дыууӕйӕн дӕр стыр арфӕдзинад уыд (Руф 1:4, 5, 15–17; 4:13–17).

Фӕлӕ цымӕ афтӕ хъуыды кӕнын раст уаид, зӕгъгӕ, Махлон ӕмӕ Руфы хабарӕй, стӕй ма ӕндӕр ахӕм хабӕрттӕй бӕрӕг у, адӕймаг Йегъовӕйы закъоны сӕрты куы ахизы, уӕд алкӕд фӕсмойнаг кӕй нӕ фӕвӕййы? Кӕд ахӕм хъуыды раст у, уӕд афтӕ нӕ уайы, ӕмӕ чидӕр йӕ машинӕйы светофоры сырх рухсыл ацыд, фӕлӕ йыл фыдбылыз не ’рцыд, ӕмӕ уӕд хъуыды кӕнын райдыдтам, зӕгъгӕ сырхыл дӕр ис цӕуӕн?

Библи Хуыцауы лӕггадгӕнджыты фӕдзӕхсы, цӕмӕй сӕ цард иу кӕной, «Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг» чи у, ӕрмӕстдӕр ахӕм адӕмимӕ. Хуыцауы Ныхас ма сын дзуры, «уӕхи ӕнӕуырнджытимӕ иу ӕфсондзы ма баифтындзут», зӕгъгӕ. Ацы уынаффӕ лӕвӕрд у, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй йӕхицӕн цардӕмбал чи агуры, уыдонӕн. Фӕлӕ Хуыцауы фӕндагыл слӕууыны размӕ чи скодта бинонтӕ, уыдонӕн дӕр Библийы ис хорз уынаффӕтӕ, цӕмӕй се ’нӕуырнӕг цардӕмбӕлттимӕ амондджынӕй цӕрой (1 Коринфӕгтӕм 7:12–16, 39; 2 Коринфӕгтӕм 6:14). Ацы уынаффӕтӕ иууылдӕр ууыл дзурӕг сты, Йегъовӕйы, бинонты царды бындурӕвӕрӕджы, кӕй фӕнды, цӕмӕй йӕ лӕггадгӕнджытӕ амондджын уой – бинонтӕ сын ис ӕви нӕ, уӕддӕр.