Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы Ныхас хуыздӕр базон

Зӕдтӕ ӕмӕ дӕлимонтӕ нӕ цардмӕ исты бар дарынц?

Зӕдтӕ ӕмӕ дӕлимонтӕ нӕ цардмӕ исты бар дарынц?

Ацы статьяйы ӕвзӕрст цӕуынц, ӕвӕццӕгӕн, ды дӕр кӕуыл хъуыды кодтай, ахӕм фарстатӕ. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ демӕ ӕхсызгонӕй аныхас кӕндзысты, уыцы фарстатӕй алкӕцыйӕн дӕр Библи цы дзуапп дӕтты, ууыл.

1. Зӕдтӕ чи сты?

Зӕдты цӕрӕнбынат ис уӕлӕрвты, фенӕн сӕ нӕй, ӕцӕг Хуыцауы дӕр фенӕн куыд нӕй, афтӕ. Сӕ буар адӕмы буары хуызӕн нӕу. Хуыцау зӕдты адӕмӕй бирӕ раздӕр сфӕлдыста (Иов 38:4, 7; Матфейы 18:10). Йегъовӕйы алыварс ис тынг бирӕ зӕдтӕ, сты милуантӕ. Уыдон ын ӕххӕст кӕнынц йӕ алы ныхас дӕр. (Бакӕс Псалом 103:20, 21; Раргомад 5:11).

2. Зӕдтӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕнынц?

Зӕдтӕ баххуыс кодтой рӕстгӕнӕг адӕймаг Лотӕн. Лот кӕм цард, уыцы горӕт Йегъовӕ фесафынмӕ хъавыд, йӕ цӕрджытӕ фыдхъуыддӕгтӕ кӕй кодтой, уый тыххӕй. Дыууӕ зӕды Лотӕн ӕмӕ йӕ бинонтӕн загътой, цӕмӕй уырдыгӕй алыгъдаиккой. Кӕмӕдӕрты уый худӕг фӕкаст, ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ ницӕмӕ ’рдардтой. Фӕлӕ Лот ӕмӕ йӕ чызджытӕ фервӕзтысты, уымӕн ӕмӕ Хуыцау зӕдтӕн цы ныхас арвыста, уымӕ байхъуыстой. (Бакӕс Райдиан 19:1, 13–17, 26.)

Библийы фыст ис, абон зӕдтӕ кӕй ӕххуыс кӕнынц, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар чи хъусын кӕны, уыцы адӕмӕн – цы ахсджиаг куыст кӕнынц, уымӕн сын разамынд дӕттынц (Матфейы 24:14). Цы хорз хабар хъусын кӕнынц, уымӕ ма хауы, адӕмы кӕй фӕдзӕхсынц, уый дӕр. Хуыцау Лоты куы бафӕдзӕхста, уӕд хынджылӕг нӕ кодта. Ӕмӕ абон цы хабар хъуыстгонд цӕуы, уымӕ дӕр уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕн нӕй. Хуыцау адӕмы фӕдзӕхсы зӕдты уылты. (Бакӕс Раргомад 1:1; 14:6, 7.)

Зын уавӕры куы бахауӕм, уӕд Хуыцау йӕ зӕдты рарвиты, цӕмӕй нын баххуыс кӕной. Чырыстийы бафидар кӕнынмӕ дӕр Хуыцау зӕды рарвыста. (Бакӕс Лукайы 22:41–43.)

Тагъд Хуыцау зӕдтӕн бахӕс кӕндзӕн ӕндӕр хъуыддаг – иннӕтӕн зындзинӕдтӕ чи ’взарын кӕны, уыдоны ныццӕгъддзысты. Уӕд коммӕгӕс адӕм сӕ риуыдзаг сулӕфдзысты. (Бакӕс 2 Фессалоникӕгтӕм 1:6–8.)

3. Дӕлимонтӕ нӕ цардмӕ исты бар дарынц?

Зӕххыл бирӕ адӕм Хуыцауы коммӕ нӕ кӕсынц ӕмӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ аразынц. Ӕмӕ уый ӕрмӕст адӕмӕй нӕй зӕгъӕн – уӕлӕрвты дӕр бирӕ зӕдтӕ рацыдысты Хуыцауы ныхмӕ (2 Петры 2:4). Ӕгоммӕгӕс зӕдтӕ хуыйнынц дӕлимонтӕ. Сӕ разамонӕг у Сайтан, Хӕйрӕг. Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ дӕлимонтӕн сӕ нысан у адӕмы сайын. (Бакӕс Раргомад 12:9.)

Хӕйрӕг пайда кӕны коммерцийӕ, хицауӕдтӕй ӕмӕ мӕнг динтӕй, цӕмӕй адӕмы зонд зыгъуыммӕ кӕна, ӕмӕ Хуыцауы фӕндагыл ма цӕуой. Уӕдӕ зӕххыл ӕнӕраст хъуыддӕгтӕ ӕмӕ фыдмитӕ кӕй цӕуы ӕмӕ адӕм хъизӕмӕрттӕ кӕй ӕвзарынц, уый у Хӕйрӕджы аххосӕй. (Бакӕс 1 Иоанны 5:19.)

4. Дӕлимонтӕ адӕмы куыд сайынц?

Хӕйрӕджы фӕнды, цӕмӕй адӕмы уырна, адӕймаг куы амӕлы, уӕд йӕ уд цӕргӕйӕ кӕй баззайы ӕмӕ йӕ бон удӕгӕстимӕ ныхас кӕнын кӕй вӕййы. Ӕмӕ уый бирӕты уырны. Библийы та фыст ис, мардӕн йӕ бон ӕппындӕр кӕй ницы у (Екклесиаст 9:5). Фӕлӕ дӕлимонтӕ адӕмимӕ мӕрдты хъӕлӕсӕй кӕй фӕныхас кӕнынц, уымӕй сын сӕ зонд хӕццӕ кӕнынц (Исай 8:19). Уымӕй уӕлдай ма сӕ сайынц, мӕрдтимӕ чи ныхас кӕны, фидӕны цы уыдзӕн, уыдӕттӕ чи дзуры, дӕсны чи фӕрсы, уыдоны ӕмӕ астрологты уылты. Хуыцауы Ныхасы фыст ис, цӕмӕй ахӕм хъуыддӕгтӕй нӕхи хъахъхъӕнӕм. Уӕдӕ нӕм кӕд, дӕлимонтӕм ӕмӕ дӕснытӕм бар чи дары, ахӕм дзауматӕй исты ис, уӕд сӕ хъуамӕ аппарӕм (Бакӕс Дыккаг закъон 18:10, 11; Хъуыддӕгтӕ 19:19.)

Кӕд Йегъовӕйы уарзӕм, уӕд хъуамӕ тӕрсгӕ-ризгӕйӕ ма цӕрӕм, дӕлимонтӕ нын исты зиан ракӕндзысты, зӕгъгӕ. Хуыцауы Ныхас куы ахуыр кӕнӕм ӕмӕ дзы цы фыст ис, уый куы ’ххӕст кӕнӕм, уӕд нӕ бон бауыдзӕн Хӕйрӕджы ныхмӕ слӕууын, стӕй ма уый фӕрцы Хуыцаумӕ дӕр баввахс уыдзыстӕм. Йегъовӕ дӕлимонтӕй бирӕ тыхджындӕр у. Бахъуаджы сахат нӕ йӕ коммӕгӕс зӕдтӕ бафидар кӕндзысты. (Бакӕс Псалом 34:7; Иаковы 4:7, 8.)

Кӕд дӕ фылдӕр базонын фӕнды, уӕд кӕс ацы чиныг, «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 10 сӕр. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.